филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 суббота, 13 декабря 2025
18 сентября 2025, 10:32
Разамынддæттæг компаниты æмæ хæдзæртты хицæутты æмбалады куыстыл ныхас цыди парламенты советы

Коммуналон лæггæдты къабазы лыггæнинаг фарстатæй иу хæдзарады разамонджытæ æмæ хæдзæртты хицæутты хсæн ахастдзинæдтæ

Разамынддæттæг компаниты æмæ хæдзæртты хицæутты æмбалады куыстыл ныхас цыди парламенты советы. Коммуналон лæггæдты къабазы лыггæнинаг фарстатæй иу хæдзарады разамонджытæ æмæ хæдзæртты хицæутты хсæн ахастдзинæдтæ. Абон Цæгат Ирыстоны территорийы ис 2 мины 9 сæдæ æвдай  бирæфатерон хæдзары. Уыдонæй 877 сты  разамындæттæг компаниты лæггæдты бæрны, 350 -йæн та ис хæдзæртты хицæутты æмбалады формæ, 942 сты рæстæгмæйы разамынддæттæг фæткы, 273 хæдзарæн та хицæуттæ æппындæр нæй. Республикæйы скодтой разамынддæттæг компаниты рейтинг. Профилон комитеты разамонæг Остъаты Георги куыд зæгъы, афтæмæй ацы къабазы нæ фаг кæны профессионалон кадртæ. Уæдæ, материалон-техникон бындур дæр сæ хæрзтæй нæу. Тускъаты Таймураз бахаста фæндон, бирæфатерон хæдзæрттæн разамынды моделы программон документыл бакусын. Уырдæм хъуамæ хаст æрцæуа хæдзæртты тыххæй æппæт информаци. Афтæмæй ирдæй зындзысты æппæт фарстатæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania