филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:44 воскресенье, 19 мая 2024
31 января 2022, 11:48
Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны тынгдæр парахат кæны штамм омикро

Уыимæ адæмы рынчындæтты къаддæр æвæрын райдыдтой

Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны тынгдæр парахат кæны штамм омикрон. Уыимæ адæмы рынчындæтты къаддæр æвæрын райдыдтой. Фæлæ уый хыгъд фылдæр уаргъ æрынцад поликлиникæтыл стæй участоктыл кусæг дохтыртыл, зæгъынц специалисттæ. Адæм фылдæр дзурынц дохтыртæм хæдзармæ. Медицинон кусджытæй дæр бирæтæ сты рынчын. Уымæ гæсгæ дзæвгар пациенттæ бирæ рæстæг баззайынц æнæ медицинон æххуысæй. Куыд у уавæр Беслæны, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Томайты Батраз.

Гриппы миниуджытимæ Сечъынаты Жаннæ сфæнд кодта поликлиникæмæ æрбацæуын. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæйы уавæры æнцондæр у бынаты хи терапветмæ ныффыссын, цалдæр суткæйы участктыл кусæг дохтырмæ æнхъæлмæ кæсыны бæсты. Йæ буары тæвд тынг бæрзонд нæу – 37 градусы, фæлæ йæ тынг хъыгдары хуыфæг. Терапевты æркасты фæстæ, ковидæй гуырысхо кæуыл кæнынц, уыдоны арвитынц тест раттынмæ.

Раздæр уал дохтыры æркаст, уый фæстæ та тест. Уыимæ рынчынмæ алы хатт терапевт не ркæсы. Рахизфарсы районы поликлиникæйы зæгъынц, ныртæккæ сæм терапевттæ нæ фаг кæнынц. Дохтыртæн се ртыццаг хай сæхæдæг сты рынчын. Терапевтты бæсты адæммæ æркæсынц æндæр профилы специалисттæ, зæгъæм офтальмологтæ. Участоктыл кусынмæ студентты не фтауынц. Æгæр стыр бæрнондзинад у уый.

Ныртæккæ зындæр фæци тагъд æххуысмæ бадзурын дæр. Поликлиникæты хъæуы стыр рады лæууын. Цæмæй, гриппы миниуджытæ кæмæ ис, уыдонимæ къаддæр æмархайд кæнай, уый тыххæй бынаты кусы ковид-центр. Йæ бацæуæн дæр у хицæн.

Ковидæй рынчынты нымæц зынгæ фæфылдæр. Дохтыртæ се ппæтыл не ххæссынц. Алы бон регистратурæмæ æрбацæуы 200 дзæнгæрæджы онг. Суанг боны иуæндæс сахатмæ пациентты нымæц вæййы нæуæдз адæймаджы. Фæстаг цалдæр бонмæ, зæгъæн ис, æмæ у рекорд. Коронавирус кæмæ раиртасынц, уыдонæн раттынц сæрмагонд хостæ. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ медикаменттæй сты æххæст.

Ныртæккæ сæйраг хæс у – алы пациентæн дæр æвæстиатæй баххуыс кæнын, зæгъынц дохтыртæ. Уыимæ алы рынчынмæ дæр цæуы бæстон цæстдард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania