филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:39 воскресенье, 01 февраля 2026
10 июля 2024, 11:46
Раздзоджы дарддæр цæуынц дондзæуæн системæйы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ

Системæ уагъд æрцыд 20 азы размæ

Раздзоджы дарддæр цæуынц дондзæуæн системæйы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Системæ уагъд æрцыд 20 азы размæ. Фæстаг цалдæр азы цæрджытæ алы бон дæр хъаст кодтой, хæтæлтæ дон кæй уадзынц, уымæй. Ныр цалцæггæнæг бригад зæронд хæтæлтæ баивдзæн ногтыл. Уыдзысты полиэтиленæй конд. Донвæд бакъахдзысты алы хæдзармæ дæр. Ныридæгæн уал Гусаты æфсымæрты уынджы донвæд скъахтой  300 метры дæргъæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Дзодзиаты Сергей 59 азы цæры Раздзоджы. Ам райгуырд æмæ схъомыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ донвæд рагæй уыд ивинаг. Зæронд хæтæлтæй арæх тагъди дон. Хæстæгдæр суадон та ис хъæуæй дыууæ километры æддæдæр. Алы хæдзары  дæр цæрджытæ дарынц  донимæ сæрмагонд боцкъатæ.

Доны системæ зæронд у. 20 азы цæуы донæвæдыл. Уыцы рæстæгмæ хæтæлтæ сызгæ сты. Раздзоджы ис 150 хæдзары. Фæстаг цалдæр азы цæрджытæ алы бон дæр хъаст кодтой, хæтæлтæ дон кæй уадзынц, уымæй. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ ивгъуыд мæйы кæрон активонæй бавнæлдтой хæтæлтæ ивынмæ. Кусджытæ къахынц дондзæуæн Гусаты æфсымæрты уынджы. Дарддæр уыдзæн Пролетарскийы æмæ Ленины уынгты рад.

Цалцæггæнæг бригад сæвæрдзæн 6 километры ног полиэтиленæй хæтæлтæ. Куыстытæ цæуынц техникон нормæтæм гæсгæ. Уæлдай каст цæуы, цас бынноз къахын хъæуы, уымæ, цæмæй зымæгон хæтæлтæ ма ныссæлой, уый тыххæй. Кæсынц ма, цæмæй дондзæуæн иннæ коммуникацитæ ма бахъыгдара, уымæ дæр. Цалцæггæнæн куыстытæн хъæугæ æрмæгæй ифтонг сты.

Сæрмагонд нысан ис доны резервуартæн. Лæууынц хъæуы бæрзонддæр бынаты. Уырдыгæй цæуы дон хъæуы уынгтæм. Ахæм резервуартæ донимæ Раздзоджы ис дыууæ. Алкæцыйыдæр цæуы 500 кубометры дон. Уыдон та цалцæггонд нæ уыдысты ивгъуыд æнусы 90-æм (нæуæдзæм) азтæй нырмæ. Кусджытæ хъуамæ реставраци скæной сæ къултæ æмæ сæ бынтæ. Æркæсдзысты хуынчъытæ дзы ис æви нæ, уымæ дæр. Уыцы куыстыты фæстæ æрцæудзысты гидроизоляцигонд. Дондзæуæн куыстуаты куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ бындурон цалцæджы фæстæ хæдзæрттæм дон цæудзæн æмбæлгæ уагыл. Æппæт куыстытæ фæуынвæнд кæнынц хæстæгдæр рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania