филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
03 февраля 2021, 12:12
Раздзоджы райдытой æхсын хъæддаг сырдтæ

Бирæгътæ, рувастæ, сбирæ сты æмæ фæзынынц сæ хъæуы дæр

Рахизфарсы районы, Раздзоджы цæрджыты тыхсын кæнынц хъæддаг сырдтæ. Бирæгътæ, рувастæ, сбирæ сты æмæ фæзынынц сæ хъæуы дæр. Цæгъдынц хæдзары фос, стæй парахат кæнынц хæцгæ низтæ. Цæмæй уавæр мацы фæстиуджытæм расайа, уый тыххæй сæ паддзахадон цуанонтæ райдытой æхсын. Сæ радон цуанмæ семæ ацыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Цуанонтæ баныхас кодтой Раздзоджы фембæлын. Ацы хъæуы цæрджытæ тыхсынц, сæ хæдзары фос сын тугдзых сырдтæ кæй цæгъдынц. Уыимæ хъæдæн дæр хæссынц зиан, парахат кæнынц хæцгæ низтæ. Бирæгътæ, шакалтæ, рувастæ кæй сбирæ сты, уымæй тыхсынц хъæды цæрæгойтæ дæр. Æмæ сын æххуысмæ рацыдысты цуанонтæ. 

Хъæдмæ цуанонтæ бацыдысты  хъуызгæйæ, цæмæй цæрæгойты ма фæтæрсын кæной, уый тыххæй. Алкæмæндæр ис йæхи хæстæ. Хъæдæн йæ  арфы чи ис, уый сæрмагонд мыртæй, кæнæ та топпы æхстæй сырдты тæры, æмбæхстæй цуанон  кæм лæууы, уыцырдæм.

Зымæг цуанонтæн æххуыс у мит, сырдты фæдтæ йыл хорз бæрæг дарынц. Фæлæ сыфтæрæй æмбæрзт зæххыл фæд ссарын у зындæр.

Ацы хатт цаунонты къухы бафтыд æрмæстдæр рувас. Уый æнтыстдзинадыл нæ нымайынц, æмæ сæ хъæуы рæдыдтытыл бакусын.

Тугдзых сырдтыл цуан цæудзæн, цалынмæ сæ цас æмбæлы, уыцы нымæцмæ не ртæрой, уæдмæ. Уæд хъæуты цæрджытæн æмæ сæ  фосæн  дæр тæссаг нал уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania