Иу фæзыл æрмæст цæгаирыстойнаг сабитæ нæ, фæлæ ма уазджытæ Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæй дæр
Реабилитацион центр «Тæмисчъы» фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн кампани баиу кодта 200 сывæллонæй фылдæры. Иу фæзыл æрмæст цæгаирыстойнаг сабитæ нæ, фæлæ ма уазджытæ Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæй дæр. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Центры кусджытæ экскурситæй уæлдай, се ргом здахынц сфæлдыстадон ахуыртæм. Æфсæйнаджы æмæ хъæдыкуыстгæнæн æрмадзты, хъуымацимæ архайыны, ирон кæлмæрзæнтæ хуыйыны, æлвисыны, стæй æрмдæсныйады æндæр хуызты рæзгæ фæлтæр архайынц зæрдиагæй. Æппæт дæр арæзт у цæмæй сывæллæттæ сæхи æнкъарой зæрдæрухсæй, сæ зындзинæдтæ сæ айрох уой, стæй æмхиц кæной æрмдæсныйадмæ. Тæмисчъы сæрдыгон фæлладуадзæн кампанийы сæйраг нысантæй иу у реабилитацион – медицинон процедурæты комплекс. Цæмæй сывæллæттæ сæ рæстæг пайдаимæ арвитой, уый тыххæй та сын рæстæгмæ сæвæрын кодтой сæ нырыккон бастдзинады фæрæзтæ. Сæ телефонтæй сывæллæттæ спайда кæнынц æрмæстдæр боны 2 сахатыл. Ацы аз Тæмискъ æдæппæтæй суазæг кæндзæн 4 фæлтæры сабиты, алкæцыйы дæр дзы уыдзæн фæйнæ 200 адæймаджы. Сменæтæ иууылдæр баст уыдзысты хицæн тематикæимæ.




