филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:06 вторник, 21 мая 2024
10 октября 2019, 17:05
Реданты райдыдта дондзæуæн системæйы рацарæзт

Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты рагæй. Дондзæуæн хæтæлтæ уыдысты зæронд, æмæ сæ куыст, куыд æмбæлы, афтæ нал кодтой.

Реданты райдыдта дондзæуæн системæйы рацарæзт. Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты рагæй. Дондзæуæн хæтæлтæ уыдысты зæронд, æмæ сæ куыст, куыд æмбæлы, афтæ нал кодтой. Ныр, Национ проект «Экологи»-йы фæлгæты, фæнд кæнынц дыууæ уынджы аст км хæтæлтæ аивын, стæй ног донцъирæн саразы. Куыстытæ дзы куыд цæуынц, уый тыххæй Гуытъиаты Алинæйы æрмæг.

Дæсгай азтæ Реданты цæрджытæ тыхстысты, нуазыны дон сын кæй нæ фаг кодта, уымæй. Кæнæ-иу дзæгъæл калд кодта, науæд та иу æппындæр нал уыд. Доны хызтæн та се стай фондз проценты уыдысты заууат уавæры.

Доны хызты рацарæзт Реданты цæуы проект «Сыгъдæг дон» æххæст кæнгæйæ. Раздæр поселокмæ æмæ цæхæрадæтты æмбаладмæ дон цыдис иу донгуырæнæй. Ног проектмæ гæсгæ та сараздзысты æртæ хæтæлы — дыууæ – цæрджытæн, иу та – зынгсирвæзты рæстæг спайда кæнынмæ.

Доны хызты аст километры сæвæрынæн радих кодтой æртын милуан сомæй фылдæр. Ног хæтæлтæ хъуамæ сфаг уой æппынкъаддæр æртын азы. Цалынмæ уал рацарæзт цæуы, уæдмæ лыг кæнынц, хæтæлтæ хæдзæрттæм бауадзыны фарста дæр.

Цæмæй доны бæрц фаг уа, уый тыххæй сараздзысты уæлæмхасæн донцъирæн станцæ. Куыстытæ фæуыдзысты 2020 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania