филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:16 вторник, 16 декабря 2025
16 марта 2018, 13:30
Регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ, алы мæй дæр Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб фембæлы республикæйы цæрджытимæ

Радон фембæлд сарæзта Æрæфы районы. Уырдæм æрбацыдысты, канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма Ирыстоны æндæр районты минæвæрттæ дæр.

Регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ, алы мæй дæр Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб фембæлы республикæйы цæрджытимæ
Регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ, алы мæй дæр Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб фембæлы республикæйы цæрджытимæ. Радон фембæлд сарæзта Æрæфы районы. Уырдæм æрбацыдысты, канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма Ирыстоны æндæр районты минæвæрттæ дæр. Паддзахадон Думæйы депутаты зæрдиаг куыстæн æвдисæн уыд нæ уацхæссæг Сосранты Жаннæ.
Радон фембæлд, радон нысантæ. Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб Æрæфы районы администрацийы фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Цы курдиаттимæ йæм æрбацыдысты, уыдон баст сты цардархайды алы къабæзтимæ. Куырдтой дзы Сечеры рæвдауæндон сарæзынæн баххуыс кæнын. Толдзгуны хъæуы хицауы та фæнды, цæмæй сæм фæкæсой культурæйы хæдзары рацарæзтмæ, стæй ма рахъаст кодтой, сæ дондзæуæн системæ æвзæр кæй кусы, уымæй. Лескены сæргълæууæг дæр йæ зæрдæ дары Мæхъиты Зурабы æххуысыл. Сæ культурæйы хæдзар сæрмагонд кусæнгæрзтæй сифтонг кæныны тыххæй йæ хъæуы федералон программæмæ бахæссын.  
 Первомайскæйы раздæр æфсæддон хайад кæм уыди, уым хъæдын хæдзæртты цæрджытæ депутаты базонгæ кодтой сæ уавæртимæ æмæ сæ бартимæ. Уыдис дзы, сæрмагонд хъуыддæгты тыххæй материалон æххуыс кæй хъæуы, ахæмтæ. Мæхъиты Зурабы ныхæстæм гæсгæ Республикæйы цæрджытимæ фембæлдтыты æдзухдæр тыхсынц уыцы иу фарстатыл.
Сæрмагонд проектты архайыны мадзæлттæй баххуыс кæныны курдиаттимæ цы адæм æрбацыдысты, уыдонæн сæ хъуыдытæ дарддæр фæхæццæ кæнынæй зæрдæ бавæрдта депутат.
Регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ, Мæхъиты Зураб фембæлд бирæ адæмимæ. Байхъуыста сын сæ курдиæттæм æмæ фæндтæм. Сæвæрдта йæ дарддæры куысты ног нысантæ дæр.

Сосранты Жаннæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania