05 февраля 2018, 12:30
Регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ фембæлдысты республикæйы цæрджытимæ
Мæхъиты Зураб фембæлд сарæзта Æрыдоны районы. 40 адæймаджы æрбацыд республикæйы алы рæттæй. Адæмы тыхсын кодтой социалон, цæрæнуæтты æмæ куыст дæттыны фарстатæ.
Регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ фембæлдысты республикæйы цæрджытимæ.
Мæхъиты
Зураб фембæлд сарæзта Æрыдоны районы. 40 адæймаджы æрбацыд республикæйы
алы рæттæй. Адæмы тыхсын кодтой социалон, цæрæнуæтты æмæ куыст дæттыны
фарстатæ. Таймазты Артурмæ та æххуысагур æрбацыдысты волонтертæ-юристтæ,
стæй инвалид-сывæллæтты чи хъомыл кæны, уыцы ныййарджытæ, æмæ царды зын
уавæрты бахауæг адæм. Республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ
бархион-юристты фарс рахæцыдысты æмæ депутатæн бавдыстой сæрмагонд
проект. Йæ фæрцы сæ фæнды адæмæн сæ бартæ хъахъæнынæн æххуыс кæнын. Сæ
минæвар Плиты Сабинæ куыд фæбæрг кодта, афтæмæй студенттæн нæ фæфаг кæны
практикон хуызы сæхи бафæлварыны мадзæлттæ. Бархион –юристтæ ныридæгæн
дæр æххуыс кæнынц адæмæн, фæлæ ма сæм фидæнмæ ис фылдæр фæндтæ.

темæмæ гæсгæ