филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 вторник, 16 декабря 2025
22 июня 2022, 12:02
Регионалон операторы компанийы разамонæг Антон Катичев ахсджиаг фарстатыл аныхас кодта журналисттимæ

Фылдæр æргом аздæхтой, компанийы арæхдæр цы фарстатæ сæвзæрынц, уыдонмæ

Контейнертæ бырæттæй дзаг, тарифтæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ систы сæйрагдæртæ. Журналисттимæ сыл æрныхас кодта регионалон операторы компанийы разамонæг Антон Катичев. Фылдæр æргом аздæхтой, компанийы арæхдæр цы фарстатæ сæвзæрынц, уыдонмæ. Афтæ компани «Эра»-йы разамонæг бамбарын кодта – контейнерты кæм лæууынц, уыцы фæзты аивдзинадæн дзуапп дæттынц сæ хицæуттæ. Ома бирæфатерон хæдзæрттæ, разамынддæттæг комапнитæ, цæрджыты æмбалæдтæ æмæ муниципалитеттæ. Санитарон домæнтæ хынцæг управленийы домæнтæм гæсгæ, сæрмагонд фæзтæм хъуамæ уой бацæуæнтæ, уарындæттæ кæдæм цæуой, ахæм фæндæгтæ, стæй бырутæ. Фæлæ хъуыддагыл алы ран афтæ нæу. Æрæмбырд дзы вæййынц медицинон хауæццæгтæ æмæ арæзтадон бырæттæ. Афтæ хъуамæ ма уа. Бырæттæ аласынц бон иу хатт. Фæлæ уыцы куыст хъуамæ конд цæуа суткæмæ 2-3 хатты.

Абоны онг нæ республикæйы фиддонты уавæр у хуыздæрхъуаг. Адæм регионалон операторæй дарынц 200 милуан сомæй фылдæр. Уый та у компани ифтонг кæнынæн йæ 50%. Компанийы ис сæрмагонд техникæйы стыр парк. Йæ кусджыты нымæц та у 500 адæймаджы. Антон Катичев куыд загъта, афтæмæй кæцыдæр рæтты ис стыр хæстæ, æмæ дзы бырæттæ ласыны куыст фæкъуылымпы. Суанг ма контейнертæ дæлæмæ æрфæлдæхтой. Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрис регионалон оператор банымадта хорзыл, фæлæ, зæгъынц, конструкцитæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Асæттынц эксплуатацийы фыццаг бонты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania