филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:57 понедельник, 15 декабря 2025
01 ноября 2025, 11:06
Регионалон рауагъдад «Ир»-ы æмæ республикæйы дзыллон хабархæссæг мыхуыры фæрæзтæн æххуыс кæныны  ахадгæ мадзæлттыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Æрдзырдтой рауагъдадты рæзтыл, æмæ цы лæггæдтæ дæттынц, уыдоны хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны гæнæнтыл

Регионалон рауагъдад «Ир»-ы æмæ республикæйы дзыллон хабархæссæг мыхуыры фæрæзтæн æххуыс кæныны  ахадгæ мадзæлттыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Æрдзырдтой рауагъдадты рæзтыл, æмæ цы лæггæдтæ дæттынц, уыдоны хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны гæнæнтыл. Фылдæр æргом аздæхтой регионы мыхуыры фæрæзтæн ног уавæртæ агурынмæ. Премьер-министр бæстонæй æркасти, мыхуыры продукци чи парахат кæны, ахæм сæрмагонд базарадон хыз «Ног бон»-ы архайдмæ. Дзанайты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй рауагъдады хъæуы, бынæттон цæрджытæн æмæ туристтæн цымыдисаг чи у, сæ уыцы продукцийы хыгъд фæфылдæр кæнын. Æркæсинаг фарста у, продукци парахат кæныны хъуыддаг, уыимæ, базарадон хызты. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй рауагъдад «Ир» активонæй архайы регионы культурон царды. Афтæ, ацы аз чингуыты фестиваль «Сырх фæз»-ы адæмы размæ рахастой Цæгат Ирыстоны рауагъдадты организациты продукци. Дзанайты Барис профилон ведомствæтæн бахæс кодта, дзыллон хабархæссæг мыхуыры фæрæзты æмæ рауагъдад «Ир»-ы финансон æмвæзад чи фæбæрзонддæр кæна, ахæм куысты пълан бацæттæ кæнын æмæ йæ æркæсынмæ бавдисын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania