филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 четверг, 14 августа 2025
20 июня 2014, 11:25
Регионты райрæзты банкæн йæ лицензи куы байстой, уый размæ мæй ма дзы хца чи сæвæрдта, уыдоны бадзырдтыл ныртæккæ дызæрдыг кæны хца чи сæвæрдта, уыдоны фæдзæхстады агентад

Уымæ гæсгæ 43 клиентæн сæ хъуыддæгтæ ныкъкъуылымпы уыдзысты æмæ рæхджы сæ бон се хца райсын нæ бауыдзæн. Уый тыххæй уацхæсджытæн фехъусын кодта туризмы,

73080
Регионты райрæзты банкæн йæ лицензи куы байстой, уый размæ мæй ма дзы хца чи сæвæрдта, уыдоны бадзырдтыл ныртæккæ дызæрдыг кæны хца чи сæвæрдта, уыдоны фæдзæхстады агентад. Уымæ гæсгæ 43 клиентæн сæ хъуыддæгтæ ныкъкъуылымпы уыдзысты æмæ рæхджы сæ бон се хца райсын нæ бауыдзæн. Уый тыххæй уацхæсджытæн фехъусын кодта туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министр Диамбекты Алан.

Ныхас ма цыд чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадыл. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, центрон банк Регионты райрæзты банкæн хца иу ранæй иннæ ранмæ ивыны операцитæ кæныны бар нал лæвæрдта, афтæмæй та корреспонтентон хыгъдтæ нæ сæхгæдтой. Уый та расайдта уымæ æмæ ныр агентад дызæрдыг кæны амалхъом адæм кредиттæ бафыстой æви нæ.

Цæгат Ирыстоны амалхъом адæймæгтæ фæнд кæнынц сæ хъаст тæрхондонмæ бадæттын. Республикæйы сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвары цур амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæныныны фартаты фæдыл арæзт æрцыд штаб.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania