28 октября 2013, 16:41
«Регионы рæзты банчы» æхцатæ чи сæвæрдта, уыдонæн сæ фидын райдайдзысты абонæй фæстæмæ
Фыццагдæр уал сæ райсдзысты йе `фснайд æхцатæ 700 мин сомы онг кæмæн хæццæ кæнынц, уыдон.
Банчы бирæ æхцатæ æвæрд кæмæн уыд, уыдонæн та уал дзы ратдзысты 700 мин сомы бæрц. 70 минæй ахæм бар хауы 960 адæймагмæ
«Регионы рæзты банчы» æхцатæ чи сæвæрдта, уыдонæн сæ фидын райдайдзысты абонæй фæстæмæ. Фыццагдæр уал сæ райсдзысты йе `фснайд æхцатæ 700 мин сомы онг кæмæн хæццæ кæнынц, уыдон.
Банчы бирæ æхцатæ æвæрд кæмæн уыд, уыдонæн та уал дзы ратдзысты 700 мин сомы бæрц. 70 минæй ахæм бар хауы 960 адæймагмæ. Иннæ æхцатæ сæ бон райсын уыдзæн, банк куы сæхгæной æмæ йæ активтæн аргъгонд куы рцæуа, уæд. Æдæппæтæй адæмæй дарынц 3 миллиарды æмæ 370 милуан сомы. Сæ райсыны тыххæй бацæуын хъæуы Æфснайæн банкмæ, Хъæууонхæдзарадон банкмæ æмæ Бастдзинады банкмæ. Æхцатæ хъæудзæн райсын кæнæ сæ ацы æртæ банкæй иуы сæвæрын.
темæмæ гæсгæ