Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта Пятигорскы регионалон информацион центр «ТАСС Кавказ»-ы цы пресс-конференци ацыд, уым
Æппæт сезонты чи кусдзæн, уыцы рекреацион туристон комплекс «Мамысон» скусын кæнын нысан кæнынц 28-æм февралы. Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта Пятигорскы регионалон информацион центр «ТАСС Кавказ»-ы цы пресс-конференци ацыд, уым. Курорты ныртæккæ исбæндæнæй 3 фæндаджы, къахдзоныгътыл бырынæн 17 км трассæ, цæттæ сты фæлладуадзджытæ кæм уыдзысты, уыцы бынæттæ, арæзт дзы цæуы ресторан. Мамысон рæздзæн æмæ дзы уыдзæн тæккæ нырыккондæр уавæртæ. Ис дзы санаторон-курортон къабаз райрæзын кæныныл чи архайы, ахæм инвестортæ. Республикæйы Сæргълæууæг радзырдта аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы рацарæзты тыххæй дæр. Специалисттæ бакуыстой зæронд аэровокзалы рацарæзты проектыл дæр, уым уыдзæни æппæтадæмон цæстдарæн-уадзæн пункт. Куыстытæ дзы райдайдзысты ацы аз. Ноггонд комплексы хъомыс уыдзæн милуан æмæ 200 мин адæймаджы суазæг кæнын. Сергей Меняйло радзырдта ацы азы егъау инвестицион проектты, туризмы хъомысы рæзты, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæйы рацарæзты æмæ Уæлахизы 80 азы бон сбæрæг кæныны мадзæлтты тыххæй. Сæргълæууæг дзуæппытæ радта журналистты фæрстытæн дæр. Сæ фылдæры базонын фæндыд стадион «Спартак»-ы рацарæзт кæронмæ кæд æрхæццæ уыдзæн, уый. Ныртæккæ объект цæттæ у 98%, куыстытæ къуылымпы кæнынц боны ахасты тыххæй.




