филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:28 пятница, 17 мая 2024
15 апреля 2013, 17:28
Республикæ æрдзон газæн хæс дары 5 миллиард сомæй фылдæр

Уыдонæй 1 миллиард у цæрджыты хæс, 4 миллиард сомæй фылдæр дарынц юридикон куыстуæттæ. Æппæтæй фылдæр хæс та дарынц цæрæн-коммуналон хæдзарæды службæтæ.

Республикæ æрдзон газæн хæс дары 5 миллиард сомæй фылдæр.

Уыдонæй 1 миллиард у цæрджыты хæс, 4 миллиард сомæй фылдæр дарынц юридикон куыстуæттæ. Æппæтæй фылдæр хæс та дарынц цæрæн-коммуналон хæдзарæды службæтæ.

Газдæттæг куыстуат æнæххæстбарджын æхсæнад «Газпром межрегионгаз Пятигорск»-ы цæгатирыстойнаг хайады æмæ пъырыстыфты службæйы минæвæрттæ хæсджынтыл сарæзтой рейд.

Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ивгъуыд афæдзмæ æфхæрд баййæфтой æмæ æрдзон газ нал лæвæрдтой 1 500 хæдзары хицауæй фылдæрæн. Æмтгæй та хæсджынтæн бафидын кодтой 7 милуан сомæй фылдæр.

Ацы азы фыццаг кварталы пъырыстыфтæ закъонмæ гæсгæ сæ хæстæ бафидын кодтой 440 хæдзары хицауæн æмæ юридикон куыстуæттæн. Фæлæ ма уæддæр хæс бирæ у æмæ хæстæгдæр рæстæг адæм сæ хæстæ куы нæ бафидой, уæд республикæмæ газ нал цæудзæн – зæгъынц газдæттæг куыстуаты минæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania