филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:22 суббота, 21 сентября 2024
22 сентября 2014, 17:02
Республикæйы æхсæнадон организацитæн ис сæхи административон бæстыхай

Кадджын уавæры байгом Дзæуджыхъæуы, Интернационалон уынджы 93-æм хæдзары.

Скодтой дзы цалцæг, кусынæн дзы сарæзтой æппæт уавæртæ. Горæты администрацийы разамындмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ балæвæрдтой курдиат æхсæнадон организацитæн бæстыхай радих кæныны тыххæй æмæ ныр сæ фарста лыггонд æрцыд.

74395
Кадджын уавæры байгом Дзæуджыхъæуы, Интернационалон уынджы 93-æм хæдзары.

Скодтой дзы цалцæг, кусынæн дзы сарæзтой æппæт уавæртæ. Горæты администрацийы разамындмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ балæвæрдтой курдиат æхсæнадон организацитæн бæстыхай радих кæныны тыххæй æмæ ныр сæ фарста лыггонд æрцыд. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд иумæйаг æхсæнадон центр.

Æлборты Иван, РЦИ-Аланийы æхсæнадон палатæйы уæнг: «Бирæ змæлдтæн бынат æмæ уавæртæ нæ уыдис, кæм куыстаикой, кæм архаидтаиккой. Абон горæтмæ ахæм хъару разынд æмæ скодта ацы хæдзар. Ис дзы 1 мин квадратон метрæй фылдæр. Æмæ дзы ис æмбырдгæнæн зал æмæ сæм цы уынаффæтæ уа, уыдон хæсдзысты адæмы æхсæнмæ».

Фæлæ ног бæстыхай цы ран ис, уымæй бирæ æхсæнадон организацитæ разы не сты. Зæгъæм Цæгат Ирыстоны инвæлидты æхсæнад. Сæ ныхæстæм гæсгæ бæстыхаймæ бацæуын инвæлид адæмæн зын у. Æхсæнадон транспорт æм нæ хæццæ кæны.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania