филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:08 вторник, 16 декабря 2025
12 марта 2014, 17:12
Республикæйы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы адæмы цæрыны уавæртæ хуыздæр кæныны программæ

Абон Дзæуджыхъæуы Магкæты Зурабы номыл уынджы ног хæдзары фатертæ лæвæрд æрцыдысты бюджетон кусджытæн: ахуыргæнджытæн, дохтыртæн æмæ культурæйы минæвæрттæн. Æдæппæтæй нæуæдз иу бинонтæн. Сæ фатерты дæгъæлтæ сын радта республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Республикæйы æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы адæмы цæрыны уавæртæ хуыздæр кæныны программæ. Абон Дзæуджыхъæуы Магкæты Зурабы номыл уынджы ног хæдзары фатертæ лæвæрд æрцыдысты бюджетон кусджытæн: ахуыргæнджытæн, дохтыртæн æмæ культурæйы минæвæрттæн. Æдæппæтæй нæуæдз иу бинонтæн. Сæ фатерты дæгъæлтæ сын радта республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Бюджетон къабæзты кусджытæй 91-н лæвæрд æрцыдысты ног фатерты дæгъæлтæ. Уыдонæн арфæ кæнгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз бафиппайдта, æххæстгонд кæй æрцыд ахсджиаг хæс, æмæ уый стыр æхсызгондзинад кæй хæссы республикæйы разамындæн дæр. Фатерты дæгъæлтæ лæвæрд æрцыдысты ахуыргæнджытæн, дохтыртæн æмæ культурæйы къабазы минæвæрттæн, уымæй уæлдай ма республикæйы Сæргълæууæджы номæй райстой лæвæрттæ дæр.

Дзебысаты Ларисæ, ахуыргæнæг: «Тынг æхсызгон мын у, ахæм стыр æхсызгондзинад кæй балæвар кодтой республикæйæн, уый. Бузныг нæ хицауадæн, архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрадæн ацы хæдзары цæрджыты номæй».
 
Беккуызарты Фатимæ, ахуыргæнæг: «Æхсызгон мын у, нæ республикæ фыццаг кæй у ацы хъуыддаджы, уый. Æз 18 азы æнхъæлмæ кастæн мæхи къуыммæ, æмæ мын ныр мæхи къуым и».

Хæдзары арæзтадыл бацархайдта куыстуат «Ремгражданреконструкция». Куыстытæ афоныл фæуынæн фæахъаз цæрæнуæтты арæзтадæн æххуысгæнæг федералон фондимæ æмгуыстад дæр. Йæ разамонæджы хæдивæг Евгений Ивлиев куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон Уæрæсейы æппæт субъекттæй фыццаг сæххæст кодта ацы ахсджиаг хæс, æмæ ахæм æнтыстдзинад у фæзминаг. Архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министрад нысан кæны ацы куыст дарддæр ахæццæ кæнын.

Ализаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министр: «Дарддæр æй хæццæ кæндзыстæм, сæрмагонд республикон программæ «Повышение уровня обеспеченности жильем населения РСО-Алания»-мæ гæсгæ. 5 азæн у, æмæ æппын къаддæр 100 фатеры хъуамæ алы аз дæр дæттæм, ахæм хæс ныл æвæрд ис. Æмæ Хуыцауы фæрцы, хъуамæ нæ къухы бафта».

Хæдзармæ æппæт бацæуæнты, домæнтæм гæсгæ, скодтой пандустæ, кæрт æххæстæй у фæлгонцгонд. Фатертæ та цæттæ сты æрцæрынмæ. Ифтонг сты хи хъармгæнæн системæтæй, газы пецтæй, сантехникæйæ, нымайæн прибортæй æмæ æндæр хъæугæ фæрæзтæй.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania