филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 воскресенье, 29 сентября 2024
22 января 2013, 11:40
Республикæйы æрцыд цалдæр фæндаггон фыдбылызы

Республикæйы æрцыд цалдæр фæндаггон фыдбылызы. 2 адæймаджы дзы фæмард и, 4-æй та алыхуызон цæфтæ фесты. Сабатæй хуыцаубонмæ ‘хсæвы Тельманы æмæ Пожарскийы уынгты тигъыл кæрæдзийы скъуырдтой БМВ æмæ Жигули. Жигулийы шофыр æмæ бæлццон сæ цæфтæй амардысты.

Фæндаггон фыдбылыз æрцыд Дзæуджыхъæуы майрæмбонæй сабатмæ *хсæв. Кировы æмæ Коцойты Арсены уынгты тигъыл «Жигули»-йы шофыр скъуырдта фæндзай аст аздзыд сылгоймаджы æмæ алыгъд. Сылгоймаг йæ цæфтæй амард фыдбылызы бынаты. Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады паддзахадон инспекцийы кусджытæ машинæ баурæдтой Архонкæйы уынгтæй иуы. Бадтысты дзы, æстдæс азæй дыууын иу азы онг кæуыл цæуы, ахæм дзуджыхъæуккаг лæппутæ. Хъуыддагыл цæуы слест.

Знон боны дыккаг мбис Алагиры фæндагыл Суадонмæ хæстæг æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Мерседес-Бенц фæндаггон æгъдау кæй фехæлдта, уый аххосæй скъуырдта 2 машинæйы Лада калина æмæ Жигули. Хъыгдæрд баййæфтой 3 адæймаджы æмæ сæ аластой рынчындонмæ. Сæ иуы фыццаг медицинон æххуысы фæстæ ауагътой сæхимæ. Ацы цауы фæдыл цæуы слест.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania