Хъарм рæстæгимæ фæндæгтыл велосипедисттæ сарæх вæййынц. Бирæтæ сæ фæндагыл цæуыны æгъдæуттæ не `ххæст кæнынц æмæ сæвзæрын кæнынц тæссаг уавæр. Афтæмæй афæдзы
Кæсæбиты Аслан йæ 2 фыртимæ йæ фæллад уадзын уарзы дендрарийы. Ардæм æрбацæуынц велосипедтыл атезгъо кæнынмæ. Кæд сыхаг районы цæрынц, уæддæр æрбацæуынц машинæйыл. Аслан куыд зæгъы, афтæмæй горæты фæндæгтыл велосипедыл цæуын æдас нæу.
Кæсæбиты Аслан: «Мæнмæ гæсгæ горæты велосипедистты хабар тынг æвзæр у. уыцы хабарыл ничи ахъуыды кодта. Велосипед дæр транспорт у. ууыл дæр адæймаг цæуы».
Ацы хъуыддаг велосипедистты хуымæтæджы нæ тыхсын кæны. Ивгъуыд къуыри Алханчурты раз æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Нæлгоймаг велосипедыл цыд фæндаггон æгъдаумæ гæсгæ – машинæты æмрæнхъ. Чи йæ федта, уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй æнæнхъæлæджы иуварс фæзылд æмæ машинæйы бынмæ бахауд. Цы цæфтæ фæци, уыдонæй фæмард.
Ацы аз велосипедистты архайдимæ республикæйы æрцыд 6 фыдбылызы. 2 адæймаджы фæмард, фондзæй райстой алыхуызон цæфтæ. Уыцы цаутæй æртæйы велосипедтыл бадтысты 14 азы кæуыл нæма цæуы, ахæм сывæллæттæ. Уыдонæн фæндагмæ цæуыны бар ис æрмæстдæр хистæртимæ.
Паддзахадон автоинспекцийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй фæндаггон фыдбылызты арæхдæр аххосджын вæййынц велосипедисттæ сæхæдæг, æгъдæуттæ куыд æмбæлы, афтæ кæй не `ххæст кæнынц, уый тыххæй. Иу ахоссаг ма у, горæты кæй нæй сæрмагонд велосипедон фæндæгтæ. Уыдон аразын Дзæуджыхъæуы администрацийы хъуамæ райдыдтаиккой ивгъуыд азы кæрон. Фæлæ бюджеты уымæн фаг фæрæзтæ нæ разынд. Ныр та ногæй зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг кæй фæзындзысты велосипедон фæндæгтæ, уымæй.
Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Мах дæр афтæ нæ куыст кæнæм, цæмæй ацы аз райдайæм, уавæр кæм ис, уыцы бынæтты скæнæм велосипедон фæндæгтæ, цæмæй хæдтулгæты дæр ма хъыгдарæм. Уыцы велосипедон фæндæгтæ, фыццаджыдæр, уыдзысты адæм сæ улæфт кæм уадзынц, уым. Фыццаджыдæр, галиуырдыгæй – терренкур, дендрарий, цæмæй сæм Терчы былæй бацæуæн уа. Рахизырдыгæй та – Фæскомцæдисон парк, адæм кæм улæфынц, уыцы бынæтты».
Администрацийы куыд загътой, афтæмæй ацы фарста иу азмæ алыг кæнæн нæй. Фæлæ бацархайдзысты, цæмæй рæстæгимæ Дзæуджыхъæуы дæр европæйаг горæтты хуызæн велосипед суа сæйраг транспортты хуызтæй иу.
Хъайтмазты Дзерассæ




