13 октября 2014, 11:07
Республикæйы 6-æм хатт арæзт цæуы дунеон фестиваль «Кавказы сæуæхсидтæ»
Кадджын уавæры байгом майрæмбоны металлургты культурæйы галуаны. Ногæй та иу сценæмæ рацыдысты кафджыты къордтæ хæстæг æмæ дард бæстæтæй. Ацы аз Цæгат Ирыстоны кафдзысты Ирайнаг, Сомихаг, Абхазаг æмæ Хуссар Ирыстойнаг фæсивæд.
Республикæйы 6-æм хатт арæзт цæуы дунеон фестиваль «Кавказы сæуæхсидтæ». Кадджын уавæры байгом майрæмбоны металлургты культурæйы галуаны. Ногæй та иу сценæмæ рацыдысты кафджыты къордтæ хæстæг æмæ дард бæстæтæй. Ацы аз Цæгат Ирыстоны кафдзысты Ирайнаг, Сомихаг, Абхазаг æмæ Хуссар Ирыстойнаг фæсивæд. Сæ курдиатимæ базонгæ сты Горæтгæрон, Æрыдоны, Кировы районты цæрджытæ. Хæлардзинады кафт акодтой Къостайы райгурæн хъæу Нары дæр.
темæмæ гæсгæ




