филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:33 суббота, 09 августа 2025
31 октября 2013, 11:18
Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрадмæ фæстаг рæстæг арæх цæуынц хъæстытæ, скъолаты ахуырдзаутæй æхца кæй æмбырд кæнынц, уый тыххæй

Ныййарджытæй æхца исынц техникæйæн, чингуытæн, фыссæнгæрзтæн, цалцæггæнæн куыстытæн æмæ лæвæрттæн. Уымæ гæсгæ министрады кусын райдыдта сæрмагонд телефон, æмæ кæд искæмæй æхца курынц, уæд æм йæ бон у бадзурын.

Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрадмæ фæстаг рæстæг арæх цæуынц хъæстытæ, скъолаты ахуырдзаутæй æхца кæй æмбырд кæнынц, уый тыххæй.

Ныййарджытæй æхца исынц техникæйæн, чингуытæн, фыссæнгæрзтæн, цалцæггæнæн куыстытæн æмæ лæвæрттæн. Уымæ гæсгæ министрады кусын райдыдта сæрмагонд телефон, æмæ кæд искæмæй æхца курынц, уæд æм йæ бон у бадзурын. Бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты бафхæрынæй кæй тæрсынц, уымæ гæсгæ телефонæй æрбадзурæнт сæ нæмттæ нæ зæгъгæйæ. Скъолаты коррупциимæ тох кæнын райдыдтой Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы дæр. Алы ахуыргæнæндоны дæр сауыгътой хъусынгæнинаг, телефоны номыртæ æмæ, кæцы сайтмæ ныффыссæн ис, уый. Фидарæй зæгъынц, сывæллонæн исчи `хца куы хæссын кæна æмæ йæ уроктæм куы нæ уадза, уæд уыцы ахуыргæнджытæ цæудзысты æфхæрд, гæнæн ис æмæ сæ сæ куыстæй дæр сисой. Уæлдайдæр та сæ разамонджыты.

Скъолаты директортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыргæнджытæн æмбарын кæнынц – Уæрæсейы ахуырад у лæвар æмæ сывæллæттæй æхцатæ æмбырд кæнын уыдонмæ нæ хауы. Кæд искæмæй райсой, уæд сæ бон æрбадзурын у мæнæ ацы телефонмæ 53-80-02 райсомы 9 сахатæй изæры 19 сахатмæ.

Сланты Мæдинæ, Дзæуджыхъуы 38-æм скъолайы директор: «Уый пайда у, уымæн æмæ арæх скъолайы чи кусы, уыдонæн фаг дзуапп радтын сæ бон нæ вæййы. Ахуырады управленийы та фылдæр зонынц, мах дæр ма уыдон ахуыр кæнынц, æмæ уыдон ратдзысты дзуапп нæ ныййарджытæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania