филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 пятница, 10 мая 2024
04 марта 2013, 11:28
Республикæйы бæхылбадджыты федерацийы æнæрадон æмбырд сарæзтой Дзæуджыхъæуы

Байгом æй кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Форумы архайдта сæрдыгон спорты хуызты департаменты разамонæг Сергей Кобалевский.

Республикæйы бæхылбадджыты федерацийы æнæрадон æмбырд сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Байгом æй кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Форумы архайдта сæрдыгон спорты хуызты департаменты разамонæг Сергей Кобалевский.

Ног Федералон закъоны домæнтæм гæсгæ федерацийы разамынд, ивддзинæдтæ бахаста сæ уставмæ, равзæрстой Бюройы ног уæнгты.

Æвзæрст æм æрцыд ирыстойнаг специалист, Тверы облæсты бæхылбадджыты спортивон скъолайы хицау Малиты Барис дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йе скъола Уæрæсейы нымад у хуыздæртæй иуыл.

Конференци Дзæуджыхъæуы саразыныл бацархайдта УФ-йы бæхылбадджыты федерацийы вице-президент Тугъанты Владимир. Йæ фарс рахæцыд Уæрæсейы спорты министрад дæр.

Тугъанты Владимир, УФ-йы бæхылбадджыты федерацийы вице-президент: «Конференци кæй баххуыс уыдзæн федерацийы фарстатæ алыг кæнынæн, уый мæ уырны. Иууылдæр зæрдæ бавæрдтой уымæй. Уыд нæм Такъоты Сергей æмæ фидарæй загъта æппыты фыццаг манежмæ кæй базилдзысты. Уый нæ риссагдæр фарста у. Челæхсаты Рустем дæр уыд конференцийы æмæ цыдæр фарстатæ алыг кæнын райста йæхимæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania