Паддзахадон автоинспекцийы хицау Хуадонты Айвары хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд аз æрцыд 95 фæндаггон фыдбылызы, фæмард дзы 8 æнахъом сывæллоны, 116 та фесты алыхъуызон цæфтæ.
Республикæйы барадон
уагæвæрды фæдыл Битарты Вячеслав сарæзта æмбырд, Сæйраг фарстатæй иу баст уыд,
сывæллæттæ фæндаггон фыдбылызты цæй аххосæгтæм гæсгæ бахауынц. Паддзахадон
автоинспекцийы хицау Хуадонты Айвары хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд аз æрцыд 95
фæндаггон фыдбылызы, фæмард дзы 8 æнахъом сывæллоны, 116 та фесты алыхъуызон
цæфтæ. Фыдбылызтæ арæх æрцæуынц, шофыртæ кæй не ххæст кæнынц сæрмагонд домæнтæ, сывæллæттæй бирæтæ халынц фæндаджы сæрты хизыны фæтк, стæй нæ дарынц,
талынджы сæ бæрæг чи кæны, ахæм нысантæ. Фæндаггон фыдбылызты ныхмæ мадзæлттыл
дзургæйæ, ахуырады министр Азымты Иринæ фехъусын кодта 5-æм училищæйы бындурыл
арæзт кæй æрцыд мобилон автогородок,
ифтонг у нырыккон кусæнгæрзтæй. Йæ
минæвæрттæ зилынц республикæйы скъолатыл, æмæ цæстуынгæ æрмæджытæй пайда
кæнгæйæ, ахуырдзаутæн амонынц фæндаггон закъæттæ. Республикæйы мидхъуыддæгты
министр Михаил Скоковы хъуыдымæ гæсгæ, фæндаггон фыдбылыз арæх æрцæуы, шофыртæ
цас æмбæлы, уымæй тагъддæр кæй скъæрынц сæ машинæ. Уавæр фæхуыздæр уаид,
республикæйы фæндæгтыл камерæтæ кусын куы райдаиккой, уæд.
Æмбырды ма ныхас цыд дзыллон
информацион фæрæзты æнæбæлвырдгонд информаци лæвæрд куыд нæ цæуа, стæй
базаргæнæнтæм хæстæг ран æдасдзинады фарстаæм фылдæр æргом здæхт куыд цæуа.
Битарты Вячеслав ма йæ фæсидт барадон оргæнтæм, цæмæй се ргом аздахой зæххæн
аргъ кæныны хъуыддагмæ.




