18 октября 2013, 10:36
Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуынц сидзæртæн цæрæнуæттæ дæттыны хæстæ
Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуынц сидзæртæн цæрæнуæттæ дæттыны хæстæ. Хицауады сæрмагонд къамис бæстон æркаст, ацы хъуыддаг куыд лыггонд цæуы, уымæ.

Республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуынц сидзæртæн цæрæнуæттæ дæттыны хæстæ. Хицауады сæрмагонд къамис бæстон æркаст, ацы хъуыддаг куыд лыггонд цæуы, уымæ. Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей.
Фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Гаситы Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй сидзæртæн цæрæнуæттæ балхæнынæн ацы аз республикон бюджеты снысан кодтой 50 милуан сомы, федералон бюджетæй та хъуамæ радих кæной 23 милуанæй фылдæр. 65 милуанæй уал Дзæуджыхъæуы æмæ районты балхæдтой 47 цæрæн бынаты. Афæдзы кæронмæ ма хъуамæ цæрæнуæттæ балхæной 9 адæймагæн. Хæдзар балхæныны размæ йæ бабæрæг кæны сæрмагонд кусæг къорд, фенын æй кæны, кæмæн æй æлхæны, уымæн дæр æмæ, кæд иумæйаг хатдзæгмæ æрцæуынц, уæд æй райсынц.

темæмæ гæсгæ