филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:11 суббота, 18 мая 2024
25 апреля 2013, 11:02
Республикæйы дарддæр цæуынц æнæнхъæлæджы цаутæ иуфарс кæныны æппæтуæрæсеон ахуыртæ

Абон 10 сахатыл фæлвæрдтой хъусынгæнæн системæ. Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты скустой хъæрæйдзурæн аппараттæ æмæ сиренæтæ.

Республикæйы дарддæр цæуынц æнæнхъæлæджы цаутæ иуфарс кæныны æппæтуæрæсеон ахуыртæ
Абон 10 сахатыл фæлвæрдтой хъусынгæнæн системæ. Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты скустой хъæрæйдзурæн аппараттæ æмæ сиренæтæ.

Знон та Майрæмададжы арæзт æрцыдысты сæрмагонд ахуыртæ, хъæдты зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнынæй. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ хæдзæрттæм хæстæг ссыгъд хъæд. Тæссаг уыд адæмы цардæн. Уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ, ирвæзынгæнæн мадзалмæ авиацийы тыхты ргом раздахын. Вертолет МИ-8 дон сцъырдта Санибайы цадæй æмæ йæ æркалдта, æрдзон зынгсирвæзт кæм æрцыд, уым. Ахæм ахуыртæ цæуынц Уæрæсейы æппæт регионты дæр. Цæгат Ирыстоны дзы архайдта æнæнхъæлæджы уавæрты, мидхъуыддæгты, æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадтæ, хъæды хæдзарады комитеты æмæ бæллæхтæ иуварсгæнæн медицинæйы кусджытæ. Æдæппæтæй 700 адæймаджы æмæ 115 сæрмагонд машинæйы.

Мамытты Роман, зынгхуыссынгæнæн хайады хицауы хæдивæг: «Ахуыртæ пайда уый хæссынц, æмæ æппæт структурæтæ иумæ цæмæй архайой. æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ афтæ у – хъæд ссыгъдис æмæ дымгæйы тыххæй арт баивæзтис хæдзæрттæм, хуыысын кодтам хъæд дæ рæмæ хæдзæрттæ дæр. Вертолет та архайдта фыццаг хатт. пайда уымæн у, æмæ уæллиау куы фæсудзы хъæд, уæд уырдæм техникæ не ссæудзæнис. æмæ йыл вертолетæй дон куы ркалай, уæд пайдадæр у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania