Йæ нысан уыд сбæрæг кæнын социалон объекттæ куыд ифтонг сты техникон фæрæзтæй, цæмæй сæм инвалидтæн æнцон бацæуæн уа, уый тыххæй.
Сергей Саутин инвалидты коляскæйы бафæлвæрдта схизын поликлиникæмæ, хъалонисæн службæйы æмæ пенсион фонды бæстыхæйттæм, горæты районты префектурæтæм, тæрхондонмæ, фæсивæдон центрмæ… Фæлæ йын дзы æнæ искæй æххуысæй ницы рауад. Афтæмæй та æппæт уыцы бæстыхæйтты ис пандустæ, фæлæ куыд конд æрцыдысты, ууыл афоныл ничи ахъуыды кодта. Афтæ цæхгæр арæзт сты æмæ инвалидтæн тæссаг у фæстæмæ ратулынæй. Уыимæ сты бырынцъаг. Нæй дзы хæцæнтæ дæр. Уый нæ, фæлæ ма дзы бæстыхаймæ бахизгæйæ дæр инвалидтæн нæй æмбæлгæ уавæртæ. Æмæ сæ хъуыддаг саразын сæ бон нæ вæййы.
Акцийы архайджытæ фæсидтысты куыстуæтты æмæ организациты разамонджытæм цæмæй ацы фарстамæ лæмбынæг æркæсой. Пандустыл цы `хца схардз кодтой, уыдон чысыл не сты, пайда та сæ æппындæр нæй. «Уæд уый бæрц æхца цæуыл хардзгонд æрцыд?» – фæрсынц инвалидтæ.
Республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министрады куыд хъуысын кæнынц, афтæмæй арæзт æрцыд инвалидты арæх цæуын кæдæм фæхъæуы, уыцы культурон, спортивон, транспортон æмæ бастдзинады объектты номхыгъд. Сты 68. Æмæ дзы хъуамæ инвалидтæн арæзт æрцæуа æмбæлгæ уавæртæ. Фæлæ та ам дæр ис иу фиппаинаг: номхыгъдмæ иунæг поликлиникæ дæр хаст не `рцыд.
