филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:23 воскресенье, 28 апреля 2024
13 февраля 2013, 17:24
Республикæйы экологон уавæрыл, æмæ йæ бындуронæй аивыны фарстатæм абон æркаст Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты комитет

Æмбырды архайдтой бæрнон ведомствоты минæвæрттæ дæр. Ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл Хицауад 5 азæн сфидар кодта сæрмагонд программæ.

Æмбырды архайдтой бæрнон ведомствоты минæвæрттæ дæр. Ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл Хицауад 5 азæн сфидар кодта сæрмагонд программæ.

Арæзт у цалдæр хайæ. Ныртæккæ уал сæйрагдæр у бæстонæй раиртасын уавæр. Уымæн Парламенты арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Йæ уæнгтæ сты алы комитетты æмæ фракциты минæвæрттæ. Аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты комитеты сæрдар Темыраты Викторы хъуыдымæ гæсгæ, иумæйаг хæс у бацархайын, цæмæй программæйы мадзæлттæ фылдæр пайда æрхæссой республикæйæн, стæй йæ цæрджытæн. Хицауады сæрдары хæдивæг Белеккаты Рафаэль куыд загъта, афтæмæй программæ арæзт æрцыд, Дзæуджыхъæуæй æмæ районтæй цы объектты номхыгъдтæ æрбарвыстой, уыдоны бындурыл. Финансон фарстатыл дзургæйæ, æмбырды архайджытæ загътой, æппæт хъуыддæгтæн æхца кæй нæ хъæуы. Зæгъæм, тынг базилинаг сты хъæуты алфамбылай бæстыхæйттæ, æмæ ацы хъуыддаджы ахадгæ уаиккой зиутæ.

Уæлдай ахсджиаг ма ацы фарстатæ сты, Уæрæсейы Президент ацы аз экологийы аз кæй схуыдта, уымæ гæсгæ.

Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Уыцы къамисæн æнæ кæнгæ нæй. Афтæ нæ зæгъæм, æмæ бæстæ рафæлдахдзыстæм. Фæлæ нæ фæнды, районты разамонджытимæ, цæрджытимæ, Хицауадимæ æрхъуыды кæнæм, нæ кæртытæ æфснайынмæ куыд цыдыстæм, сывæллæттæн уайдзæф куыд кодтам, уыцы рæстæг. Уыдон алчи куы нæ хъуыды кæна, уæд алцы «Электроцинчы» аххос кæнæн нæй. Алчи хъуамæ æркæса йæхимæ, æмæ иумæ архайын хъæуы. Ис нæм сенатортæ, æмæ иумæ куы бакусæм, уæд хорз уыдзæн. Кæд Уæрæсейы Президент ахæм аз скодта, уæд йыл абон архайын хъæуы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania