филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:15 вторник, 16 декабря 2025
16 марта 2018, 18:01
Республикæйы экономикæ цæмæй размæ ахадгæдæрæй цæуа, уый тыххæй хъæуы инвесторты æргом здахын

Ахæм хъуыды йæ ныстуаны Парламентмæ загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Республикæйы экономикæ цæмæй размæ ахадгæдæрæй цæуа, уый тыххæй хъæуы инвесторты æргом здахын
Республикæйы экономикæ цæмæй размæ ахадгæдæрæй цæуа, уый тыххæй хъæуы инвесторты æргом здахын. Ахæм хъуыды йæ ныстуаны Парламентмæ загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уæвгæ, ныридæгæн ацы куысты ис бæлвырд бæрæггæнæнтæ. Республикæйы байгом дунейы зындгонд компани «Метро»-йы гипермаркет. Ис ма, Цæгат Ирыстоны бизнес аразын кæй фæнды, ахæм стыр куыстуæттæ. Республикæйы разамынд цæттæ у ацы хъуыддаджы æххуыс кæнынмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Куырттаты комы рæсугъддæр бынæтты фæлгонцтæ номеры рудзынгæй, сыгъдæг хæххон уæлдæф, фæлладуадзæн зонæтæ. 6-уæладзыгон нырыккон уазæгдзæрæн комплекс 50 номеримæ. Æппæт фадæттæ, цæмæй турист йæ рæстæг хорз арвита. Æмæ уый у æрмæст проекты иу къæпхæн. Фæстæдæр ма комплексы фæзындзæн лыжæтыл цæуæн трассæ. Стыр проект царды уадзы компани «СТК-59».
Æххуыс компани райста программæ «Цæгат Кавказы социалон-экономикон райрæзтмæ» гæсгæ. Фæрæзты бæрц – 160 милуан сомы. Æдæппæтæй та проекты фыццаг къæпхæныл схардз кæнын хъæуы 470 милуаны. Фыццаг туристты суазæг кæнын ам фæнд кæнынц азы кæрон.
2018-æм Цæгат Ирыстоны нысангонд у инвестициты азыл. Республикæйы экономикон гæнæнты тыххæй Битарты Вячеслав дзырдта йæ ныстуаны. Уый фæдыл ахадгæ куыст бакодтой Леонтьевы номыл центримæ, чысыл æмæ астæуккаг бизнесы райрæзты федералон корпорациимæ. Инвестортæн хорз фадæттæ кæй ис, уый иу ахсджиаг æвдисæн ма у, республикæмæ стыр компанитæ кæй цæуынц, уый. Афтæ фарон Дзæуджыхъæуы байгом æппæт дунейы зындгонд гипермаркет «Метро». Арæзт æрцыд 200 кусæн бынаты, бюджетмæ æрвылазон хъалонты бæрц та уыдзæн 60 милуан сомæй фылдæр.
Ацы хъуыддаг сæххæст кæныныл цалдæр азы куыстой. 2 азы размæ Сочийы экономикон форумы бафыстой бадзырд.
Республикæимæ æмгуыстады тыххæй, европæйаг бизнесы ассоциацийæн регионы гæнæнты презентацийы, радзырдта Metro Cash and Carry-йы департаменты разамонæг.
Тагъд ма республикæйы фæзындзæн ноджыдæр иу стыр инвестор – «Леруа Мерлен». Компани уæй кæны арæзтадон товарты куыст. Йæ архайд Цæгат Ирыстоны фæнд кæны иннæ аз райдайын.
Уый тыххæй радзырдтой райрæзты агентады. Ведомство арæзт æрцыд фарон августы. Йæ нысан у республикæмæ инвесторты ‘ргом здахын.
Гранттæй æххуыс, æфтиæгты хъалоны бæрц фæкъаддæр кæнын, æмæ ма суанг исбоны хъалон сисын дæр. Бизнес аразынæн æмбæлгæ фадæттæ скæныныл стыр куыст цæуы, загъта Тускъаты Таймураз.
Хицауады сæрдары ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон æххуыс ис. Фæлæ дзы хъæуы раст спайда кæнын. Æрмæст афтæмæй ис хорз бæрæггæнæнтæ равдисын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania