Федта, фæндæгтæ цы уавæры сты, уый. Бынæттон администрациты сæргълæуджытимæ æрныхас кодта, цæуыл ма сæ бакусын хъæуы, уый тыххæй.
Фыццаг æрлæууæн – горæтæй рацæуæны. Республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Хъазыбегты Георгий, вице-спикер Базраты Валентинимæ æмæ Æхсæнадон Палатæйы уæнг Кучиты Зауыримæ æрныхас кодта, Владивостокскийы уынджы цур æдасдзинады фарстайыл бакусын кæй хъæуы, ууыл. Снысан кодтой, 300 метры дæргъы фæндагдихгæнæн ныллæг быру æмæ рухсы системæ сæвæрын. Архонкæйы дæр иувæрстыцæуæн фæндагыл 4 километры бæрц æвæрд æрцæудзæн рухсгæнæн системæ.
Мичурины уазджытыл сæмбæлдис Æрыдоны районы сæргълæууæг. Ам трассæ 600 метры бæрц сцалцæг кæнын æмæ районы хидтæм базилыны хæс сæ размæ æвæрынц ацы аз фæндæгты хæдзарады комитеты.
Гоппызты Тимур, РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты хайады хицау: «Хъавæм 2 хиды бацалцæг кæнын. Ныппырх сты, æмæ сæ хъæуы саразын ногæй».
Æрыдоны районы сæргълæууæг Гусаты Тамерлан та равдыста, фарон цавæр куыст бакодтой, уый.
Гусаты Тамерлан, Æрыдоны районы сæргълæууæг: «Фарон аргъуанмæ фæндаг скодтам, Пролетарскийы уынгæй рынчындонмæ. Поликлиникæйы раз дæр хъуамæ æрцыдаид конд, фæлæ йæ нæ фесты, æмæ йæ ныртæккæ хъуамæ скæной».
Ацы аз ма кæронмæ цалцæггонд æрцæудзæн фæндаг «Æрыдон-Дигора». Ацы куыстытæ æххæстгæнгæйæ базилдзысты Дигорамæ бацæуæны хидмæ дæр.
Дигорайы сæйраг фæзы светофор сæвæрын, Къорамæ фæндаг иу километры бæрц сцалцæг кæнын, Николаевскæйæ Дигорамæ фæндагмæ бындуронæй базилын. Ахæм пъланмæ гæсгæ фæндæгты хæдзарады комитет кусдзæн ацы аз Дыгуры районы. Фæлæ бынæттон администрацийы разамонджытæ куыд загътой, уымæ гæсгæ ма ис æндæр ахсджиаг лыггæнинаг фарстатæ дæр.
Мæрзойты Хъазыбег, Дыгуры районы сæргълæууæг: «Проект конд æрцæудзæн иувæрсыцæуæн фæндагæн дæр, иннæ аз æй райдайдзысты кæнын. Уыцы фæндаг конд куы æрцæуа, уæд адæм дæр сулæфдзысты, хъæуы астæу цæуы бирæ машинæтæ. Уый хъыгдары. Фæндаг куы скæной, уæд уыцы фарстатæ лыггонд æрцæудзысты».
Æрæфы районы ацы аз фæуыдзæн Сечеры иуварс цæуæн фæндаджы цалцæг, Хæзныдонмæ бацæуæны та 500 метры бæрц æвæрд æрцæудзæн быру. Фæндæгты комитеты сæрдар куыд загъта, афтæмæй ацы балц снысан кодта, йæ куыстуатмæ цы объекттæ хауы, уыдоны уавæр сбæлвырд кæнынмæ.
Хъазыбегты Георгий, РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар: «Æртæ объекты ахсджиагдæр сты: Мичурины иувæрсты цæуæн фæндаг, бирæ машинæтæ дзы цæуы, адæм бафæлладысты, азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Уыцы проблемæ Дигорайы дæр ис. Æртыккаг фарста та Николаевскæйы фæндаг. Нæ зæрды йæ ис иууылдæр саразын».
Ахæм балцытæ пайдайаг кæй сты, уыимæ разы у республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Базраты Валентин дæр. Куыд загъта, уымæ гæсгæ бынаты ис ахсджиаг уынаффæтæ рахæссын. Афтæ уыд ацы хатт дæр.
Базраты Валентин, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Нæ хъуыдыйы ис, 2 азмæ цы фæндæгтæ хъавдыстæм кæнынмæ, уыдон ацы аз скæнæм, æхца та иннæ аз бафиддзыстæм, чи сыл бакуса, уыдонæн».
Кусæг балцы рæстæг цы фиппаинæгтæ нысангонд æрцыд, уыдон хаст æрцæудзысты комитеты ацы азы куысты пъланмæ. Райсом æй кæронмæ сфидар кæнынмæ рахæсдзысты республикæйы Хицауады размæ.
Хъайтмазты Дзерассæ




