Горæтгæрон районы сæ фæзуат у 8 сæдæ 70 гектары. Уыдонæй сæдæ нæуæдз хъæбæрхор, 6 сæдæ 35 та – мæнæу.
Районы зæхкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд ацы аз боныхъæд бынтон хорз нæ уыд, уæддæр æнхъæлмæ кæсынц хъæздыг тыллæгмæ. Алы гектарæй дæр исынц 20 центнеры.
Архонкæйы хъæууон-хæдзарадон куыстуат республикæйы у æппæтæй рагондæр. Экономикон зындзинæдты рæстæг нæ фæцудыдта. Ныртæккæ дæр дзы кусы 120 адæймаджы.
Ацы рæстæг сын у ахсджиаг. Æфснайынц мæнæу, фæстæдæр та бавналдзысты картоф æмæ нартхор æфснайынмæ. Уый фæстæ та райдайдзысты хъæмп æфснайын. Уый та сын пайда уыдзæн фосы зымæгиуатæн.
Ныфсы хос сын у ног техникæ. Механизатортæ райгонд сты нырыккон комбайнтæй. Уымæй уæлдай ма хъæууон-хæдзарадон министрады бацархайдтой æмæ бафыстой бадзырдтæ, цæмæй машинæтæ æмæ трактортæ цалцæггæнæн станцæтæ байгом кæной алы районы дæр.
Хадыхъаты Батрадз, комбайнер: «Райсомёй раджы рацёуём быдыртём мё нё фёллой ёфснайём. Мёнё мё лёппуый дёр ракодтон, цёмёй сахуыр уа кцсын. Стёй зёхх уарзын хъёуы. Мён дёр иу мё фыд йемё кодта ёмё хистёртём кёсгёйё, ахуыр кодтон ёз дёр. Йер та азё кёнын мё кёстёры, уадз ёмё ахуыр кёна».