филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:38 понедельник, 20 мая 2024
25 апреля 2014, 14:03
Республикæйы Хицауад абон æркаст 40 фарстамæ. Æмбырд амыдта Такъоты Сергей

Æрдзырдтой, республикон бюджет ацы азы фыццæгæм кварталы куыд æххæстгонд æрцыд, стæй æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонд ивгъуыд азы куыд бацархайдта, ууыл. Фидаргонд

Æрдзырдтой, республикон бюджет ацы азы фыццæгæм кварталы куыд æххæстгонд æрцыд, стæй æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонд ивгъуыд азы куыд бацархайдта, ууыл. Фидаргонд æрцыд ныййарджыты фиддонты бæрц сывæллæтты рæвдауæндæтæм ацы азæн. Дзæуджыхъæуæн æмæ æппæт районтæн ис сæхи бæрцытæ. Ныхас цыд нæ республикæйы æфсæнвæндаджы транспорты цæуыны фæндаггагыл. Ныронг бæлццæттæ фыстой 9 сомы алы 10 километрæн дæр, майæ фæстæмæ та аргъ уыдзæн 11 сомы. Бирæуæладзыгон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæджы фæдыл закъон æххæст кæнынæн йæ æмгъуыд аргъæвтой, республикæ цæттæ кæй нæма у, уый тыххæй. Ахæм уавæр ис Уæрæсейы иннæ субъектты дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй конд æрцыд сæрмагонд фонд. Цы æхца дзы æмбырд кæна, уыдон хардз кæндзысты хæдзæртты цалцæггæнæн мадзæлттæн. Ацы хъуыддаг у ахсджиаг.

Алидзаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр: «Хæдзары уавæр куы сæвзæр вæййы, йæ коммуникацитæ куы нал фæбæззынц, уæд адæмæн зын вæййы, хæдзар сцалцæг кæнынæн цы æхца хъæуы, уыдон æваст æрæмбырд кæнын. Æмæ закъон афтæ зæгъы, цæмæй сæ адæм сабыргай æмбырд кæной. Хъуамæ равзарой сæхæдæг: кæнæ сæхи хыгъд байгом кæндзысты, кæнæ та се хца æмбырд кæндзысты, махмæ цы регионалон оператор ис, уый хыгъды. Мæй иу квадратон метрн хъуамæ фидой 6,5 сомы. Уыцы закъоны ис хорздзинæдтæ, æмæ йæ адæм куы бамбарой, уæд æнцон æххæст кæнæн уыдзæн. Бирæтæ мæт кæнынц, цы фæуыдзысты се хца, зæгъгæ. Уыцы æхца уыдзысты сæ хыгъдыл, уындзысты сæ. Æхцамæ æвналын никæй бон у. Закъоны ма ис фæзилæн – чи нæ фида бындурон цалцæгæн, уымæн йæ фатер ауæй кæнын йæ бон нæ уыдзæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania