03 октября 2014, 13:59
Республикæйы Хицауад йæ радон æмбырды æркаст къорд ахсджиаг фарстатæм
Æмбырд амыдта Такъоты Сергей. Ныхас цыд, «Транспорты хъалоны тыххæй» республикон закъонмæ ивддзинæдтæ чи бахæсдзæн, ахæм закъоны проектыл. Афтæмæй фидаргонд æрцæудзæн хъалон бафидыны ног æмгъуыд, уыдзæн 1-æм октябрь, раздæр та уыд 15-æм ноябрь.
Республикæйы Хицауад йæ радон æмбырды æркаст къорд ахсджиаг фарстатæм. Æмбырд амыдта Такъоты Сергей. Ныхас цыд, «Транспорты хъалоны тыххæй» республикон закъонмæ ивддзинæдтæ чи бахæсдзæн, ахæм закъоны проектыл. Афтæмæй фидаргонд æрцæудзæн хъалон бафидыны ног æмгъуыд, уыдзæн 1-æм октябрь, раздæр та уыд 15-æм ноябрь. Транспорты иуæй-иу хуызтæн аивдзæн сæ хъалоны бæрц дæр. Фидæн азы уый ратдзæн уæлæмхасæн бюджетмæ 30 милуан сомы бæрц. Закъон æрвыст æрцыд Парламентмæ. Конд æрцыд сæрмагонд къамис. Йæ бæрны уыдзæн бирæфатерон хæдзæрттæм зилынæн лицензитæ дæттыны хъуыддаг. Хаст ма æрцыд уынаффæ хъарм кæныны лæггæдтæн фидыны тыххæй. 2014 азы кæронмæ йæ тыхы уыд уынаффæ, цæмæй уыцы лæггæдтæн адæм фидой, æрмæст хъармгæнæн рæстæг нæ, фæлæ афæдзы дæргъы. Ахæм фæтк уыдзæн фидæн азы дæр. Инвалидтæн сæрмагонд куысты бынæттæ чи кæны, уыцы куыстуæтты алы бынатæн дæр бюджетæй дих кодтой 66 мин сомы. Ног уынаффæмæ гæсгæ ахæм фиддонты бæрц сырæздзæн 100 минмæ. Фидаргонд ма æрцыд уынаффæ, кæцы домы алы куыстуатæй дæр, цæмæй бæлвырд æмгъуыдмæ адæмæн куыст дæттыны комитетмæ дæтта информаци уæгъд куысты бынæтты тыххæй.
Къаболаты Ларисæ, РЦИ-Аланийы адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар: «Ацы уынаффæ бацæттæ кодтам адæмæн куыст дæттыны закъонмæ гæсгæ. Алы куыстуат дæр, паддзахадон уа, æви хи куыстуат уа, хъуамæ адæмæн куыст дæттыны службæтæн фехъусын кæна уæгъд куысты бынæтты тыххæй. Уынаффæйæ фидаргонд цæуы уагæвæрд, информаци бадæттыны æмгъуыд æмæ цавæр административон æгъдаухæлдтытæн уæвæн ис, уый».
темæмæ гæсгæ




