филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:58 среда, 17 декабря 2025
05 февраля 2018, 13:01
Республикæйы клиникон рынчындоны бирæвæсыг травматологийы хайад байгом 7 азы размæ

Уыцы рæстæгмæ дзы цы операцитæ скодтой, уыдоны фæрцы иу æмæ дыууæ адæймаджы цард нæ аирвæзын кодтой.

Республикæйы клиникон рынчындоны бирæвæсыг травматологийы хайад байгом 7 азы размæ
Уæззау операци. Республикæйы клиникон рынчындоны
бирæвæсыг травматологийы хайад байгом 7 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ дзы цы
операцитæ скодтой, уыдоны фæрцы иу æмæ дыууæ адæймаджы цард нæ аирвæзын
кодтой. Арæх сæ пациенттæ вæййынц фæндаггон фыдбылызты бахауæг, æмæ
дохтырты бахъæуы æвæстиатæй цалдæр операцийы кæнын. Æрæджы дæр хайады
фæлтæрдджын кусджытæ лæппуйæн канд йæ цард нæ бахъахъхъæдтой, фæлæ ма йæ
къух дæр. Ахæм операцитæ арæх нæ вæййынц, фæлæ практикæ куыд æвдисы,
афтæмæй æнтыстджын. Моргуаты Ладæ бæлвырддæр радзурдзæн уникалон
операцийы тыххæй.

Ацы кабинетмæ ныр Тамерлан арæх æрбацæуы, æмæ
æрмæст дохтыры амынддзинад райсынмæ нæ, фæлæ ма сын бузныг зæгъынмæ дæр.
13-æм июль, цас цæра, уыйас хъуыды кæндзæн, зæгъы нæлгоймаг. Уæд бахауд
фæндаггон фыдбылызы, æмæ фæцис уæззау цæф. Йæ къух ма цавæрдæр нуæрттыл
хæцыд. Афойнадыл æй республикон клиникон рынчындоны травматологон
хайадмæ бахæццæ кодтой. Йæ уавæр уыд уæззау, лæппу рыст не `нкъардта,
фæлæ къух ауыгъд у, уый уыдта, æмæ йæ хъуыды уыд иу – бахъахъхъæнын.
Фыццаг æххуыс ын чи бакодта, уый уыд Агънаты Артем. Дохтыр цалдæр сахаты
кодта операци.
Уыйфæстæ ма лæппуйæн скодтой 5 операцийы. Къух
хъахъхъæд æрцыд хайады арæхстджын медицинон кусджыты фæрцы. Аварийæ
рацыд афæдзы æмбис, фæлæ ма хъæуы реабилитаци. Нуартты æмæ стджыты
магъзы иу хай бахъуыд ралыг кæнын. Фæлæ цæмæй къух, куыд æмбæлы, афтæ
скуса, уый тыххæй хъæуы рæстæг. Мæскуыйы йын цы операци скодтой, уый
фæрцы къух райдыдта æнкъарын. Раст зæгъгæйæ ахæм цауты рæстæг дохтыртæ
арæх рахæссынц уынаффæ, цæмæй инфекци буарыл ма ацæуа, уый тыххæй цонг
алыг кæнын, фæлæ дохтыр йæхимæ райста ахæм бæрнон хæс æмæ скодта
операци.
Цыбыр рæстæг ма рацæудзæн, æмæ рахиздзысты иннæ къæпхæнмæ.
Зынæй дзы ницы ис, зæгъынц дохтыртæ. Фæлæ ацы хайад цы 7 азы кусы, уыцы
рæстæгмæ дзы ахæм хуызы оперцитæ уыд æрмæстдæр 6.
Лæппу йæхæдæг дæр
разы у дохтырты куыстæй. Ныр сæйрагдæрыл нымайы, канд дохтыры
амынддзинæдтæ æххæст кæнын нæ, фæлæ ма хорз æнкъарæнтимæ цæрын, уæд
æппæт зындзинæдты сæрты ахизæн ис æнцонтæй.

Моргуаты Ладæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania