филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:32 воскресенье, 29 сентября 2024
18 января 2013, 11:10
Республикæйы куысты рæстæмбис мызд 2025-æм азмæ уыдзæн 40 мин соммæ ввахс

Ацы хъуыддаг царды рацæудзæн Цæгат Кавказы райрæзты программæ æххæст кæнгæйæ. Хаст æм æрцыд 235 миллиард сомы.

Ацы хъуыддаг царды рацæудзæн Цæгат Кавказы райрæзты программæ æххæст кæнгæйæ. Хаст æм æрцыд 235 миллиард сомы. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фехъусын кодта журналисттимæ æрвылазон фембæлды. Арæзт уыд мыхуыры боны кадæн. Мамсыраты Таймураз журналисттæн радта кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Бæстон æрдзырдта сидзæр сывæллæттæн æххуыс кæныны фарстатыл. Куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны æвæгæсæг сывæллæттæ хъуамæ æппындæр ма уа. Уымæй уæлдай йæ хъуыдытæ зыгъта дины фарстатæм, хæрзаудæн хъуыддæгтæм æмæ йæм скъоладзауты формæмæ цы цæстæнгас ис, уыдоны тыххæй. Стыр æргом аздæхта æхсæнады уагæвæрдмæ. Мамсыраты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй йын сæйрагдæр у адæймаджы намыс. Журналисттæм æм уыд курдиат, цæмæй диссаг хабæрттæ фехъусын кæнынынмæ ма тырной, фæлæ агурой фæзминаг хъуыддæгтæ. Æртыккаг æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ бадæтдзæн æви нæ, уый тыххæй загъта бæлвырд – нæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania