филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:00 четверг, 26 июня 2025
03 июня 2014, 11:26
Республикæйы мидхъуыддæгты министр Артур Ахметхановы хъæппæрисæй ныр дыккаг хатт стадион «Динамо»-йы арæзт цæуы сывæллæтты спортивон-музыкалон бæрæгбон

Ахуыры, спорты æмæ аивады стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн министрады разамынд радта зынаргъ лæвæрттæ. Æвзонг спортсментæ-уæлахиздзаутæ сæ райстой министры

Республикæйы мидхъуыддæгты министр Артур Ахметхановы хъæппæрисæй ныр дыккаг хатт стадион «Динамо»-йы арæзт цæуы сывæллæтты спортивон-музыкалон бæрæгбон
Ахуыры, спорты æмæ аивады стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн министрады разамынд радта зынаргъ лæвæрттæ. Æвзонг спортсментæ-уæлахиздзаутæ сæ райстой министры хæдивæг Бекмырзты Хъазыбеджы къухтæй. Сывæллæттæн ма сæ арæхстдзинад равдыстой спортсментæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. ОМОНы кусæг та йæ бынатæй фенкъуысын кодта, 7 тоннæйы цы автобус ласы, уый æфсæддонтимæ. Базонгæ сæ кодтой сæрмагонд къордты æмæ кинологты куыстимæ, байуæрстой сын сæлдæгтæ, стæй сæ сбадын кодтой пъæлицæйы æфсæддон бæхтыл

Сихъоты Сослан, Цæгат Кавказы зылды мидхъуыддæгты управленийы æхсæнадон Советы сæрдар: «Мидхъуыддæгты бирæ фæкуыстон æмæ æз никæйы æфхрын, фæлæ махмæ раздæр ахæм хабæрттæм хъусдард нæ уыдис, абон та уыцы хабар тынг уæлиау æвæрд у. маралон æгъдауæй, уый у стыр диссаг. Уымæн æмæ куыд фæзæгъынц, милицæ æрмæстдæр сæ бон æфхæрын сæ бон нæу, фæлæ ма дзæбæх кæнын дæр, кафын дæр, зарын дæр. Æмæ цæмæй мидхъуыддæгтæ уой æхсæнадон куысты, уыцы хъуыддаг йæ зæрды сæвзæрди æмæ бузныг сеппæтæн дæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania