филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:15 понедельник, 15 декабря 2025
25 июня 2014, 11:10
Республикæйы Парламенты депутаттæн уыд æрвылазон фембæлд республикæйы сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ

Республикæйы Парламенты депутаттæн, министрадты, ведомствæты æмæ уæлдæр скъолаты разамонджытæн уыд æрвылазон фембæлд республикæйы сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ.

73152
Республикæйы Парламенты депутаттæн, министрадты, ведомствæты æмæ уæлдæр скъолаты разамонджытæн уыд æрвылазон фембæлд республикæйы сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ. 
Ныхас цыди, скъола каст чи фæци, уыдонæн баххуыс кæныныл. Кæмæн йе ‘нæниздзинад хъыгдард у æмæ йæ дзæбæхгæнæндонмæ арвитын хъæуы, кæй та – уæлдæр ахуырад райсынмæ. Æппæты ахсджиагдæр хъуыддаг та у, сидзæр æмæ, æнæ ныййарджытæй чи баззади, уыцы сывæллæттæн цæрæн бынæттæ ссарын. Уыцы куыст кæны Цæгат Ирыстоны фæллойы æмæ социалон рæзты министрад, æхца та сын радих кодтой федералон æмæ республикон бюджеттæй. Ацы аз ног фатертæ ратдзысты 79 сывæллонæн. Ахуырмæ чи бацæуы, уыдонæн та хъуамæ ахуыргæнæндон йе ‘мдзæрæны бынат ратта. Æмбырдмæ æрбацæуæг ахуыргæнæндæтты разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, алы хатт дæр цæттæ сты сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты ахуырмæ райсынмæ. Арæзт сын цæуынц æппæт фадæттæ дæр. Суанг ма сын бюджетон бынæттæ дæр радих кæнынц. 6300 сомы та стипенди исынц. Бæрнон кусджытæн сывæллæттимæ рауад æргом æмæ зæрдиаг ныхас. Хистæртæ æргом дзуæппытæ лæвæрдтой кæстæрты фæрстытæн. Скъолаты рауагъдонтæн радтой ныстуантæ, фæлæ сын уæлдай æхсызгондæр уыд бæрнон кусджытæй планшеттæ райсын. 
Алæгаты Алан, сидзæр сывæллæтты хæдзар «Надежда»-йы хъомылгæнинаг: «Æз фæдæн 9 къласы æмæ мæ тынг фæнды программист суæвын. Сывæллæтты хæдзары фæстæ уал хъуамæ сахуыр кæнон училищæйы. Уый фæстæ та мæ фæнды сæрмагонд ахуырад райсын. Компьютертимæ кусын хорз арæхсын, уайы мын. Чи зоны, махимæ фембæлынмæ чи æрбацыд, уыдон нын куы баххуыс кæной, уæд мæнæн дæр æнцондæр уыдзæн, цы равзæрстон, уыцы дæсныйад райсын».
Токаты Людмилæ, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг: «Скъола фæвæййынц, фæлæ нырмæ сывæллæттæ сты æмæ сæ исчи æвзæр фæндагыл ацæуа, уый нæ нæ фæнды. Ахæм фембæлдтытæ та пайда сты нæ кæрæдзийы хуыздæр бамбарынæн. Сывæллæттæ дæр уæндондæр вæййынц æмæ раргом кæнынц сæхи. Æххуыс кæй хъæуы, уыдон та сты тынг бирæ. Кæй ахуыр кæнын фæнды, кæй йе нæниздзинад хъыгдары, кæмæндæр та, кæм цæры, уый нæй. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад дæр кусы семæ. Фæлæ се ппæтыл аххæссын тынг зын у. Æмæ мæнæ махæй, депутаттæй, бæрнон кусджытæй алчидæр фæйнæ иу адæймагæн куы баххуыс кæна, уæддæр уый дæр æххуыс у. Æмæ мах дæр архайдзыстæм, ацы сæвæллæттæн баххуыс кæнынæн».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania