филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:35 воскресенье, 28 апреля 2024
14 февраля 2013, 17:11
Республикæйы Парламенты Совет абон æркаст 35 закъоны проектмæ

Советы уæнгтæ сразы сты, административон æгъдаухæлдтыты тыххæй Кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыдонмæ гæсгæ, хъуамæ фæкарздæр уа æфхæрд, муниципалон цæстдарды закъонад чи халы, стæй, доны объекттæй домæнтæм гæсгæ чи нæ пайда кæны, уыдонæн.

Республикæйы Парламенты Совет абон æркаст 35 закъоны проектмæ. Æмбырд амыдта Алексей Мачнев.

Советы уæнгтæ сразы сты, административон æгъдаухæлдтыты тыххæй Кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыдонмæ гæсгæ, хъуамæ фæкарздæр уа æфхæрд, муниципалон цæстдарды закъонад чи халы, стæй, доны объекттæй домæнтæм гæсгæ чи нæ пайда кæны, уыдонæн. Растыл ма цы закъоны проект нымад æрцыд, уымæ гæсгæ бынæттон хиуынаффæйадæн хъуамæ бар уа муниципалон музейтæ аразынæн. Æркастысты ма Цæрæнуæтты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ. Зæгъæм, цæрæн хæдзæртты хъуамæ уой æппæт фадæттæ, цæмæй, змæлын зын кæмæн у, уыдонæн сæ бон уа æнæкъуылымпыйæ мидæмæ бахизын. Уымæй уæлдай депутаттæ сразы сты, цæмæй коммуналон фиддонтæ бинонты иумæйаг æфтиæгтæн сæ 10% фылдæр ма уой. Раздæр ацы нымæц уыд 22%. Æрдзырдтой федералон закъоны проектыл, кæцы бар нæ дæтдзæн Уæрæсейы энергетикон нозт уадзынæн, æмæ йæ уæй кæнынæн. Советы уæнгтæ не сразы сты, цæмæй æфхæрд æййафой, хæдзарон фадæтты карз нозт чи уадзы, уыдон.

Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг: «Не ‘гъдаумæ гæсгæ, махмæ нозт ис. Æмæ мах куы сразы уыдаиккам, нозт хæдзары кæнæн кæй нæй, ууыл, уæд уыцы закъонмæ гæсгæ Ирыстоны ‘рдæг тæрхонты бын фæуыдаид. Иу фраста ма дзы уыд æхсæнадон палатæйы тыххæй. Æмæ йæ уæнгтæй исчи йæ куыстæй цухгонд кæд æрцыд, йæхи раст кæй нæдардта, кæнæ æнæгъдау митæ кæй кодта, уый тыхæй, уæд йын ногæй æхсæнадон палатæйы уæнг уæвæн нæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania