филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:03 понедельник, 15 декабря 2025
13 февраля 2014, 11:19
Республикæйы прокуратурæ бæрæг кæны фæсарæйнаг адæмы æнæзакъонæй æрфыссыны цаутæ

Афæдзы райдианæй нырмæ республикæйы прокуратурæ сбæрæг кодта фæсарæйнаг адæмы æнæзакъонæй æрфыссыны 3 цауы. Æмæ хæдзæртты хицæуттæ баййæфтой æфхæрд.

Республикæйы прокуратурæ бæрæг кæны фæсарæйнаг адæмы æнæзакъонæй æрфыссыны цаутæ
Афæдзы райдианæй нырмæ республикæйы прокуратурæ сбæрæг кодта фæсарæйнаг адæмы æнæзакъонæй æрфыссыны 3 цауы. Æмæ хæдзæртты хицæуттæ баййæфтой æфхæрд.

«Уазæгуарзон» хæдзары дуæрттæ æхгæд разындысты. Прокуратурæйы минæвармæ ничи ракаст. Документтæм гæсгæ ам цæры 43 адæймаджы. Уыимæ æртæйæ цæрынц æппынæдзух, иннæтæ та сты рæстæгмæ уазджытæ.

Иу ахæм хæдзар ма афæдзы райдиан рабæрæг Æрæфы районы дæр. Сечеры цæрæг йæхимæ срегистраци кодта 36 фæсарæйнаг адæймаджы.

Дзампаты Хъазыбег та зонгæ дæр нæ кодта, йæ хæдзары ма йæ бинонтæй уæлдай ноджыдæр 70 адæймаджы кæй цæры, уый. Уыцы хабар ын прокуратурæйы фехъусын кодтой. Уымæн куыд гæнæн ис, уый Хъазыбегæн зын бамбарæн у. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æнæзакъон ми бакодтой бастдзинады 2 операторы. Ацы гæххæттæтыл æнæ сæрмагонд экспертизæйæ дæр бæрæг у, Хъазыбеджы къухфыст æцæг кæй нæу, уый.

Дзампаты Хъазыбег: «Бацыдтæн прокуратурæмæ. Фыццаг дзырдтой 30, уый фæстæ 40, 70 адæймаджы мæм фыст ис, зæгъгæ. Кæм сæ бафыссон æ зам, цæй тыххæй. Баххуыс кодта прокуратурæ, æмæ сын стыр бузныг».

Бастдзинады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй сæм ахæм цау фыццаг хатт æрцыд. Республикæмæ фæсарæйнаг адæм куы æрбацæуынц, уæд бацæуынц почтæйы хайадмæ. Уым баххæст кæнынц миграцион хъусынгæнинаджы бланктæ. Уый тыххæй хъæуынц фæсарæйнаг адæймаджы гæххæттытæ, стæй кæмæ цæрдзæн, уыцы адæймаг хъуамæ æнæмæнг йæхæдæг æрбацæуа хайадмæ. Уый фæстæ æппæт документтæ æрвыст æрцæуынц миграцион службæмæ, цæмæй сын рæстæгмæ регистраци радтой. Ахæм лæггад почтæйы хайæдты фæзынд 2006-æм азы. Фæсарæйнаг адæм регистраци куы райсынц, уæд сæйраг домæн вæййы, цæмæй æнæмæнг цæрой, цы адрисы фыст сты, уым.

Ортабайты Светланæ, «Уæрæсейы почтæ»-йы республикон филиалы директоры хæдивæг: «Æз цас кусын, уыцы рæстæгмæ нæм фыццаг хатт æрцыд ахæм цау ацы лæггадимæ. Ныртæккæ уыцы специалисттæ нæ кусынц. Слест куы фæуа, уæд закъонмæ гæсгæ цы æмбæлы, ахæм æфхæрд баййафдзысты».

Æнæзакъон регистрацийы сæйраг нысан у – æхца бакусын. Фыдгæнджыты нæ бауромы, закъонмæ гæсгæ цы æфхæрд баййадзысты, уый дæр. Хæдзары хицау иваргонд æрцæудзæн 500 мин сомы онг, æнæзакъон мигранттæ та æрвыст æрцæудзысты сæ Райгуырæн бæстæмæ. Уыимæ æрмæст ивгъуыд аз ахæм цаутæ нæ республикæйы уыд 12.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania