филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:20 воскресенье, 29 сентября 2024
31 июля 2014, 12:03
Республикæйы РЦИ-Аанийы цæуынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ

Ацы аз уыцы хъуыддагæн схардз кæндзысты 500 милуан сомæй фылдæр. Æппæт куыстытæм дæр йæ цæст дары арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министрад.

73568

Ацы аз уыцы хъуыддагæн схардз кæндзысты 500 милуан сомæй
фылдæр. Æппæт куыстытæм дæр йæ цæст дары арæзтады, энергетикæйы æмæ
цæрæн-коммуналон хæдзарады министрад. Куыстытæн уал æххæстгонд æрцыдысты сæ 50
%. 

Коцойты Арсены номыл уынджы ныртæккæ цæуынц пъланмæ гæсгæ нысангонд куыстытæ.
Дзæуджыхъæуы донуадзæн хæтæлты куыстуаты специалист Созанаты Хъазыбег куыд
зæгъы, афтæмæй зымæгон хъармгæнæн сезонмæ æппæт хæтæлтæ дæр цæттæ кæнын хъæуы
ныртæккæ. Сабыргай архайынц ууыл, цæмæй æппæт хæтæлтæ дæр ивд æрцæуой
нырыкконтыл, пластикæй конд чи сты, ахæмтыл.

Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц канализацийы системæйы дæр. Профилактикон
мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы канализацийы хæтæлты куыстуаты специалисттæ фæкæнынц
æрвылаз дæр. Ис сæм сæрмагонд машинæ, уый руаджы хæтæлтæ ссыгъдæг кæнынц змисæй
æмæ быронæй. Ацы куыстытæ кæнын хъæуы æнæмæнг, уымæн æмæ горæты канализацийы
хæтæлтæ сты тынг зæронд. Стыр æргом здæхт æрцыд хъармгæнæнты уавæрмæ дæр.
Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы сты 110. Уыдонæй 22 хъармгæнæны сты автоматизацигонд,
ома дзы хъæуы æрмæстдæр иу, кæнæ дыууæ кусæджы.

Фидæны хъармгæнæн сезонмæ ныридæгæн цæттæ сты Мызуры бирæфатерон хæдзæрттæ дæр.
Фарон зымæг ацы хæдзæртты уыд уазал, уымæн æмæ сæ хъармгæнæн системæ тынг
æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Хъармгæнæнæй сæм тæвд цыд, фæлæ дзы сæ хæтæлты уавæры тыххæй
сæ бон пайда кæнын нæ уыд.

Уæд поселочы уыд сæрмагонд къамис.
Республикæйы хицауады минæвæрттæ хъуыддаг аивынæй зæрдæ бавæрдтой.

4 бирæфатерон хæдзары бирæ рæстæг зындзинæдтæ æвзæрстой
канд æнæ хъармæй нæ, фæлæ ма сæм нæ уыд тæвд дон дæр. Уыцы хъуыддаг кæй
аивдзæн, уый адæмы ныр дæр нæма уырны.

Ацы аз хъармгæнæн сезонмæ бацæттæ кæнынæн республикæйы схардз кæндзысты 500
милуан сомæй фылдæр. Ныртæккæ уал куыстытæн конд æрцыдысты сæ 50 проценты.
Арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министрады куыд зæгъынц,
афтæмæй хъармгæнæн сезонмæ æппæт куыстытæ дæр конд æрцæудзысты.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania