филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:52 воскресенье, 14 декабря 2025
11 июля 2014, 14:10
Республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы уынаффæмæ гæсгæ ныр æхсæзæм хатт уыд хуыздæр хъæуы ном райсыны конкурс

Йæ нысан у – бынæттон хиуынаффæйады разамонджыты разæнгард кæнын æнгомдæрæй кусынмæ хъæуты социалон-экономикон рæзтыл. Ацы азы уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой

73283
Йæ нысан у – бынæттон хиуынаффæйады разамонджыты разæнгард кæнын æнгомдæрæй кусынмæ хъæуты социалон-экономикон рæзтыл. Ацы азы уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæй æмæ æхцайы премитæй. Хицауады сæрдар Такъоты Сергей йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæуты кусын æнцон нæу, бынæттон хиуынаффæйады архайд домы иудадзыгдæр уæвын адæмы уæлхъус æмæ æвстиатæй лыг кæнын сæ цардархайды фарстатæ. Ацы аз конкурсы архайдтой 16 хъæуы. Къамис сæ бæрæг кодта бирæ æвдисæнтæм гæсгæ. Лæмбынæгæй кастысты социалон инфраструктурæмæ, бюджетмæ, фæлгонцы æмæ санитарон уавæры фарстатæм. Такъоты Сергей хæрзиуджытæ радта уæлахиздзаутæн æмæ архайджытæн. «Хуыздæр хъæуы» номинацийы фыццаг бынат саккаг кодтой Дур-Дурæн, дыккаг бынат – Красногорæн, æртыккаг та – Джызæлæн. Хицæнæй бæрæг кодтой хæххон хъæутæ. Уыдонæй та фæуæлахиз Унал, дыккаг бынаты ис Гуылар, æртыккаджы та Дæргъæвс.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania