филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:56 суббота, 21 сентября 2024
05 декабря 2012, 09:17
Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны арæзт æрцыд æвзонг зарæггæнджыты конкурс

Сæ курдиат дзы æвдыстой æрыгон музыканттæ республикæйы æппæт районтæй. Бирæтæ дзы сценæмæ рацыдысты фыццаг хатт.

Æвзонг зарæггæнджыты конкурс арæзт æрцыд ныр 4-æм хатт.

Сæ курдиат дзы æвдыстой æрыгон музыканттæ республикæйы æппæт районтæй. Бирæтæ дзы сценæмæ рацыдысты фыццаг хатт.

Æвзонг зарæггæнджыты конкурс арæзт æрцыд
ныр 4-æм хатт. Сæ музыкалон арæхстдзинад равдыстой 40 архайæгæй фылдæр
7-æй-18 азы онг. Алчидæр сæ акодта фæйнæ 2 зарæджы. Конкурсы уыдис 2
номинацийы: «Соло» æмæ «Вокалон ансамбль».

Хъуысаты Сæрмæт у конкурсы чысылдæр
архайджытæй иу. Цæуы йыл 7 азы. Зарыныл ахуыр кæны сывæллæтты
сфæлдыстадон райрæзты центр «Сæуæхсид»-ы. Конкурсмæ йæхи цалдæр мæйы
цæттæ кодта.

Хъуысаты Сæрмæт, конкурсы архайæг: «Ацы
конкурсы архайын фыццаг хатт. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Азарыдтæн «Санта
Лучия» æмæ «Музыкæ».

Архайджыты курдиат бæрæг кодта
профессионалон жюри. Йæ хыгъды уыдысты республикæйы музыкалон скъолаты
минæвæрттæ. Азæй-азмæ конкурсантты нымæц фылдæр кæны, хуыздæр кæны сæ
арæхстдзинад дæр.

Олег Огневский, Дыгуры районы сывæллæтты
сфæлдыстады хæдзары ахуыргæнæг: «Ацы конкурстæ сывæллæттæн æххуыс
кæнынц. Уымæн æмæ азæй-азмæ, сывæллæттæ ахуыр кæнынц, зонгæ кæнынц сæ
Райгуырæн бæстæйы хабæрттимæ. Æмæ тынг хорз у, æрвылаз ацы конкурс кæй
вæййы, уый».

Ацы аз фыццаг хатт уæлахиздзаутæ
хорзæхгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Конкурсы аразджытæ куыд
зæгъынц, афтæмæй сæ бирæтæн музыкалон ерыс свæййы сæ профессионалон
музыкалон фæндаджы райдиан.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania