филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 среда, 17 декабря 2025
27 января 2014, 11:24
Республикæйы транспортон прокурор Александр Комаристый фембæлд журналисттимæ

Республикæйы транспортон прокурор Александр Комаристый куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæлдай карздæр уыдзысты, адæмæй æхца чи исы æмæ сын се `рвитинæгтæ поездæй æндæр

Республикæйы транспортон прокурор Александр Комаристый фембæлд журналисттимæ
Республикæйы транспортон прокурор Александр Комаристый куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæлдай карздæр уыдзысты, адæмæй æхца чи исы æмæ сын се `рвитинæгтæ поездæй æндæр горæттæм чи ласы, уыцы кусджытæм.

Суанг ма сæ сæ бынæттæй дæр исдзысты. Ног домæнты тыххæй прокурор радзырдта журналисттимæ фембæлды. Куыд бафиппайдта, афтæмæй барадон кусджыты сæйраг хæс у – адæмы æдасдзинад. Уæлдайдæр та олимпиадæйы агъоммæ. Олимпиадæйы арт нæ горæтмæ кæй сласдзысты, уымæ гæсгæ æдасдзинады домæнтæ фæкарздæр сты. Прокуроры ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстайыл кусынц уадзæн пунктæ «Уæллаг Ларс» æмæ «Дæллаг Зæрæмæджы». Сæ цæст дарынц Таможняйы куысджытæм. Ныртæккæ сæ хæс у, цæмæй адæм арæнты сæрты рæвдздæр хизой. Фембæлды рæстæг ма Александр КомарИстый журналисттæн радзырдта адæмæй сæм цы хъазтытæ цæуы, уыдоны тыххæй дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania