Республикæйы центрон æвзарæн къамисы ныридæгæн цæуы стыр куыст. Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстытæ ацæудзысты 14-æм октябры, уæдмæ æвæрд æрцыд 347 æвзарæн хайады, уыимæ хохаг хъæуты дæр.
Республикæйы центрон æвзарæн къамисы ныридæгæн цæуы стыр куыст. Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстытæ ацæудзысты 14-æм октябры, уæдмæ æвæрд æрцыд 347 æвзарæн хайады, уыимæ хохаг хъæуты дæр.
Æвзæрстытæ куыд цæуынц, стæй цал
адæймаджы схъæлæс кодта, уыцы бæрæггæнæнтæ алы дыууæ сахаты дæр æрвыст
цæудзысты Центрон æвзарæн къамисмæ. Алкæцыйы дæр уыдзæн цæстдарджытæ,
стæй, хъæлæс раттыны бар кæмæн ис, къамисы ахæм кусджытæ – 30 адæймаджы.
Республкæйы ма æвæрд æрцыдысты æвзарæн бюллетеньтæ нымайæн 18
комплексы. Рагагъоммæйы хатдзæгтæ бæрæг уыдзысты дыккаг бон,
кæронбæттæны хатдзæгтæ та республикæйы цæрджытæ базондзысты 18-æм
октябры. Ацы хатт æвзæрстытæ ацæудзысты æнæ видеоцæстдардæй.
Республикæйы цæрджытæ хъуамæ схъæлæс кæной, кæм цæрынц, уыцы хайæдты.
Закъонмæ гæсгæ æндæр ран схъæлæс кæныны бардæттæг гæххæттытæ лæвæрд
никæмæн уыдзæн, адæмæн сæ бон схъæлæс кæнын нæ уыдзæн рагагъоммæ дæр. Сæ
бон æвзарæн хайадмæ бацæуын кæмæн нæу, уыдонæн фадат уыдзæн сæ
хæдзæртты схъæлæс кæнынæн. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ныридæгæн цæттæ сты
æвзарæн бюллетеньтæ. Къамистæм æрвыст æрцæудзысты, æвзæрстытæм ма 3
боны куы хъæуа, уæд. Бюллетеньтæ конд сты сæрмагонд гæххæттыл, ис сыл,
æнæ сæрмагонд техникæйæ сбæрæг кæнæн кæмæн нæй, ахæм нысантæ.
