18 марта 2014, 16:53
Республикæйы уыдис видео-бастдзинад Турчы ирон диаспорæимæ
Телемост «Дзæуджыхъæу-Стамбул». Республикæйы уыдис видео-бастдзинад Турчы ирон диаспорæимæ. Ахæм фембæлд саразын бантыст проект «Ирон диаспорæ online»-ы фæрцы. Бацæттæ
Телемост «Дзæуджыхъæу-Стамбул». Республикæйы уыдис видео-бастдзинад Турчы ирон диаспорæимæ. Ахæм фембæлд саразын бантыст проект «Ирон диаспорæ on-line»-ы фæрцы. Бацæттæ йæ кодта национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад, «Фæсарæнты цы æмзæххонтæ ис, уыдонимæ æмгуыстад, æмæ Цæгат Ирыстоны гуманитарон бастдзинæдты райрæзт»-ы программæ æххæстгæнгæйæ. Конференцийы архайдтой республикæйы разамынды, наукон интеллигенцийы минæвæрттæ, æхæснадон архайджытæ. Дзырдтой, ирон адæмы историйыл, мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны фарстайыл, æнгомдæр æмгуыстад кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй. Хъуысаты Садреттин бахаста фæндон, цæмæй иу мыггаджы минæвæртты `хсæн Туркæй æмæ Ирыстонæй арæзт цæуой видео-конференцитæ. Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Сослан фехъусын кодта, ацы аз республикæйы этнокультурон центр «Ирон æгъдау» кæй байгом уыдзæн, уый. Уырдæм хуынд цæудзысты дунейы алы бæстæтæй ирæттæ, цæмæй культурæ æмæ мадæлон æвзаг ахуыр кæной, уый тыххæй.
Гуытъиаты Эльмирæ, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон институты наукон кусæг: «Æвæццæгæн æй нæхæдæг дæр не `мбарæм, цы пайда у махæн, уый. Турчы ирæтты дæр хъæуы, мах дæр уыдонæй къаддæр нæ хъæуы уыцы хъуыддаг. Ахæм диссаджы адæм дзы федтам, æмæ сæ хъуамæ Ирыстоны дæр зоной. Патриоттæ дæр сты, дзæбæх адæм сты. Нæхæдæг дæр дзæбæх стæм, æвæццæгæн. Хъуамæ мах дæр зоной. Ирæттæ кæмдæриддæр куы цæрой, уæддæр сæм ирондзинад дæр ис, хорздзинад сæм ис. Уый махæн дæр хорз у, уыдонæн дæр хорз у».
темæмæ гæсгæ




