филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:57 среда, 17 декабря 2025
14 июля 2014, 11:25
Республикæйы ветеранты Советы хъæппæрисæй 2 къуырийы размæ арæзт æрцыд Татраты Тасолтаны номарæн турнир шахмæттæй

Республикæйы ветеранты Советы хъæппæрисæй 2 къуырийы размæ арæзт æрцыд не мзæххон, Челябинскы завод «Маяк»-ы директоры хæдивæг Татраты Тасолтаны номарæн турнир шахмæттæй.

73370
Республикæйы ветеранты Советы хъæппæрисæй 2 къуырийы размæ арæзт æрцыд не мзæххон, Челябинскы завод «Маяк»-ы директоры хæдивæг Татраты Тасолтаны номарæн турнир шахмæттæй. Сæ арæхстдзинад дзы равдыстой 60 адæймагæй фылдæр. Ерыс кодтой канд шахмæттæй нæ, фæлæ ма шашкæтæ æмæ нардтæй дæр. Сбæрæг дзы 9 уæлахиздзауы. Лæвæрд сын æрцыд кады гæххæттытæ æмæ æхцайы премитæ. Турниры архайджытæн арфæ ракодта Тасолтаны фырт Алыксандр. Республикæйы ветеранты Советы хъуыдымæ гæсгæ Татраты Тасолтаны номарæн турнир шахмæттæй хъæуы аразын æрвылаз. Не мзæххон канд стыр ахуыргонд æмæ разамонæг нæ уыд, фæлæ ма дзырдта, тæссаг уавæрты чи куыста, уыдоны бартыл дæр. Уымæй уæлдай ма хорз хъазыд шахмæттæй æмæ уыд чемпионатты призер.

Бедойты Руслан, Республикæйы ветеранты Советы сæрдары хæдивæг: «Бирæ нæ ацард, фæлæ йæ царды уарзта шахмæттæй хъазын æмæ ахæм фæнд рацыд æмæ скæнæм ном арæн ерыстæ, Татраты Тасолтаны номыл æмæ уый рауад. Æрæмбырд сты 60 фылдæр шахматисты æмæ мæйы æрдæг тох кодтой æмæ абон хæрзиуджытæ сын радзыстæм ерысты чи рамбылдта уыдонæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania