Уæззау атлетикæйæ дунеон ерысты чемпионтыл Æлбегаты Руслан æмæ Тъуриты Тимæйыл Беслæны аэропорты сæмбæлдысты 3 кæрдзыны æмæ бæгæныимæ. Раарфæ сын кодтой фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Челæхсаты Рустем, сæ хæстæджытæ, хæлæрттæ, стæй кæм ахуыр кæнынц, уыцы ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ.
Уæззау атлетикæйæ дунеон ерысты чемпионтыл Æлбегаты Руслан æмæ Тъуриты Тимæйыл Беслæны аэропорты сæмбæлдысты 3 кæрдзыны æмæ бæгæныимæ. Раарфæ сын кодтой фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Челæхсаты Рустем, сæ хæстæджытæ, хæлæрттæ, стæй кæм ахуыр кæнынц, уыцы ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Дунейы чемпионат уæззау атлетикæйæ арæзт æрцыд Польшæйы. Тъуриты Тимæ рамбылдта сызгъæрин майдан. 2 хаттæн систа 252 килограммы. Æлбегаты Руслан та дыууæ фæлварæны систа 464 кг. Спортсменты тренертæ сты Золойты Хъазыбег, Дзбойты Петр æмæ Тогойты Вадим.
