27 апреля 2018, 15:10
Республикæ цæттæ у иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынмæ
Уый тыххæй абон фехъусын кодтой, хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы разамындæй арæзт æмбырды.
Республикæ цæттæ у иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынмæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой, хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы разамындæй арæзт æмбырды.
Фæлварæнтæ райдайдзысты 28-æм майы, æмæ цæудзысты 20-æм июньмæ. Уæлæмхасæн бонтæ ма бафтыдтой 22-æм июнæй – 2-æм июльмæ. 9-æмкъласонтæ зæ зонындзинæдтæ фæлвардзысты цыппæрдæс предметæй. Фæлварæнтæ кæм дæтдзысты, ахæм 28 бынаты ифтонггонд æрцыдысты хъæугæ æрмæджытæй. Фадæттæ дзы арæзт æрцыд, йе нæниздзинад цудыд кæмæн у уыцы рауагъдонтæн. Ацы аз фæлварæнтæ хъуамæ радтой 4 мины æмæ 828 адæймаджы. Специалисттæ та уыдзысты 2 670. Æмбырды ма ныхас цыд апелляцийы процедурæйыл дæр. Ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ куыд загъта, афтæмæй фарон 20 рауагъдонæй фылдæр разы нæ уыдыдсты фæлварæнты бæрæггæнæнтимæ, æмæ иу аппеляциимæ дæр не сразы сты. Сæбæтхъуаты Æхсарбег загъта, иумæйаг паддзахадон фæлварæн канд ахуырдзауты нæ тыхсын кæны, фæлæ сæ ныййарджыты дæр, æмæ саразын хъæуы халар ахастдзинæдтæ, кæд уый фæлварæнты процедурæ нæ халы, уæд.
темæмæ гæсгæ




