филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2020, 13:52
Республикæ Цæгат Ирыстоны адæмы бартæ хъахъхъæнæг Цгъойты Тамерлан бæрæг кæны ахст адæмы тæрхондоны цы уавæрты дарынц уый

Ныронг уыд Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны, Мæздæджы, Кировы æмæ Рахизфарсы районты

Республикæ Цæгат Ирыстоны  адæмы бартæ хъахъхъæнæг Цгъойты Тамерлан бæрæг кæны ахст адæмы тæрхондоны цы уавæрты дарынц уый. Ныронг уыд Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны, Мæздæджы, Кировы æмæ Рахизфарсы районты. Фæстаг 2 районы тæрхондæтты уавæртæ федта не сфæлдыстадон къорд дæр.

Адæмы бартæ хъахъхъæнæг Цгъойты Тамерлан ахст адæмы уавæртæ бæрæггæнæн куыст райдыдта Кировы районæй. Сыгъдæгдзинад æмæ хæринагмæ ницы аип ссардтой. Закъонхалджытæ дæр сæ уавæртæй нæ хъаст кæнынц. Фæлæ фиппайнæгтæ уæддæр разынд, нæй дзы медицинон кусæг. Йæ хæстæ æххæст кæны радхæссæг. Нæ сæм фаг кæны хостæ дæр.

Рахизфарсы районы тæрхонгæнæндоны дæр хостæй фæстæмæ æндæр куысты уавæртæ сты æмбæлгæ уагыл.

Дарддæр Цгъойты Тамерлан куыд адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг бабæрæг кодта æрыдоны район, Мæздæг æмæ Дзæуджыхъæуы ахст адæмы сæрмагонд бынæттæ. Сæ уавæртæй баззад разы. Дарддæр уыдзæн Горæтгæрон район.

Цы барадхæлдтытæ раиртæстой, уыдон хаст æрцæудзысты сæрмагонд актмæ. Æппæт амынддзинæдтæ та æрвыст æрцæудзысты мидхъуыддæгты министрадмæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania