Сывæллæтты æдасдзинад æмæ фæлладуадзæн объекттæ куыд ифтонг æмæ цæттæ сты, ууыл ныхас цыд сæрмагонд къамисы æмбырды
Республикæ цæттæ кæны сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ. Сывæллæтты æдасдзинад æмæ фæлладуадзæн объекттæ куыд ифтонг æмæ цæттæ сты, ууыл ныхас цыд сæрмагонд къамисы æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны хицауады премьер Дзанайты Барис. Ныхас цыд сæрмагонд æмæ скъолаты арæзт лагерьтыл. Хицауады сæрдар стыр æргом аздæхта, уыцы хæстæ чи ххæст кæны, уыцы бæрнон адæммæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæдивæг Дзанайты Павел куыд фехъусын кодта, афтæмæй ведомствойы специалисттæ сбæрæг кодтой æппæт фæлладуадзæн 123 объекты. Цы аипдзинæдтæ раиртæстой, уыдоныл цæстдарæн оргæнтæ æвæстиатæй бакусдзысты. Премьер ма муницпалон скондты сæргълæуджытæн æмæ Дзæуджыхъæуы разамындæн бабар кодта æмбæлгæ уавæртæ саразын, цæмæй доны объектты адæм сæ фæллад æдасæй æрвитой, уый тыххæй.




