Хи зæххы хайы арæнмæ газ бауадзын ис сæрмагонд программæмæ гæсгæ
Республикæйы 1400 хæдзарæй фылдæрмæ афæдзы кæронмæ лæвар бауаддзысты газ. Хи зæххы хайы арæнмæ газ бауадзын ис сæрмагонд программæмæ гæсгæ, Президенты хæслæвæрд æххæстгæнгæйæ. Уый тыххæй хъæуы курдиат бадæттын. Ацы хъуыддаг сæххæст кæнын ис цалдæр хуызы – комкоммæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрад æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ цы кусæг фембæлдтытæ саразынц, уым, кæнæ та онлайн газы иумæйаг операторы порталы æмæ «Госуслуги»-йы, стæй газы куыстгæнæн организацийы сайты фæрцы. Горæты администрацимæ документтæ балæвæрдтой æмæ консультаци райстой Цмийы, Балтайы æмæ Ларсы цæрджытæ. Ныридæгæн газ уагъд æрцыд Мæздæджы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районы хæйттæм.




