филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:11 вторник, 24 июня 2025
03 июня 2025, 10:39
Республикæйы 164 скъолайы байгом сты сæрдыгон лагерьтæ

Ацы аз дзы сæ фæллад суаддзысты 7 мин сывæллонæй фылдæр

Республикæйы 164 скъолайы байгом сты сæрдыгон лагерьтæ. Ацы аз дзы сæ фæллад суаддзысты 7 мин сывæллонæй фылдæр. Хъомылгæнджытæ сабитæн аразынц алыхуызон мадзæлттæ – интеллектуалон хъæзтытæ, спортивон ерыстæ, экскурситæ. Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы та сывæллæттæн сарæзтой чемпионимæ зарядкæ. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.

Горæты æрыгон цæрджытæн зарядкæ чемпионтимæ – Дзæуджыхъæуы скъолаты райдыдтой кусын сæрдыгон лагерьтæ. Æмхæццæ хæбысхæсты архайæг Хъæрджынты Махарбег æмæ дунейы чемпион хæстон самбойæ Хъуылаты Тамерлан æрбацыдысты 30-æм скъоламæ. Уым сывæллæттæн сарæзтой райсомы зарядкæ.

Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы сæрды лагерьты сæ фæллад суаддзысты 7 мин сывæллонæй фылдæр. 39 ахуыргæнæндоны арæзт æрцæудзæн сабиты дзæбæх кæнынæн дыууæ фæлтæры.  Скъолаты хæринаггæнæн комбинат бацæттæ кодта ног меню. Йæ хæрзхъæддзинадæн ын аргъ скодтой 30-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

11-æм скъолайы сæрдыгон лагерьмæ цæуынæн фæнд бахастой 220 сывæллоны. Ацы аз сабитæн фæлладуадзыны бар ис æрмæст сæхи районты ахуыргæнæдæтты нæ. Зæгъæм, 27-æм скъолайы ахуырдзаутæ цæуынц 11-æм скъоламæ, сæхи ахуыргæнæндоны  Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ арæзт кæй сты, уымæ гæсгæ. Сывæллæттæн ис цымыдисаг къабаз равзарыны фадат.

Музыкæ æмæ нывкæнынад, экскурситæ æмæ спортивон ерыстæ – сывæллæтты фарсмæ сты сæ зæрдæты сын цымыдисдзинад чи *взæрын кæны, ахæм хъомылгæнинæгтæ. Остъаты Варварæ 42 азы дæргъы кусы ахуыргæнæгæй. Сæрд уарзон афæдзы афон æрмæст сабитæн нæу, фæлæ хистæртæн дæр, зæгъы Варварæ.

Сывæллæттæн скъолаты фæллад уадзыны фадат уыдзæн 27-æм июньмæ. Республикæйы æдæппæтæй кусынц 164 сæрдыгон лагерьы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania